Евросоветы  парламентон ассамблейы  æмраныхасгæнджытæ  публикаци кæнынц  фидиуæн – Гуырдзыстон европаг  интеграцийы фæндаджы алвæндагыл  лæууы
Евросоветы парламентон ассамблейы æмраныхасгæнджытæ публикаци кæнынц фидиуæн – Гуырдзыстон европаг интеграцийы фæндаджы алвæндагыл лæууы

Гуырдзыстон  Европаг  интеграцийы æрдæм фæндаджы алвæндагыл лæууы, –  уый фæдыл  фидиуæн Евросоветы  парламентон ассамблейы   æмраныхасгæнджытæ публикаци скодтой Гуырдзыстонмæ  визиты фæстæ.  Евросоветы парламентон ассамблейы   делегаци   Гуырдзыстоны  визитæй  уыд 27-29 марты.

«Гуырдзыстон у  европаг  бæстæ. Гуырдзиæгтæ  европæгтæ  сты, уый премьер-министр  Зураб Жваниа куыд банысан кодта 1999 азы, Евросоветы  парламентон ассамблейыл дзырдæй ралæуды рæстæджы:  «Æз дæн гуырдзиаг, уымæ гæсгæ дæр Европаг  дæн».  Евросоветы парламентон  ассамблейы  æмраныхасгæджытæ,  мах кæддæриддæр   йæ  фарс хæцыдыстæм  æмæ  нæфæллайгæ кусæм  Гуырдзыстоны  Европаг  институцион  фæлгæттæм  æххæст интеграцийæн, Гуырдзыстон æмæ гуырдзиаг адæм уый  аккаг сты.  Гуырдзыстон Евросоветмæ куы баиу ис, уый фæстæ  бирæ реформæйы  имплементаци  æрцыд  æмæ  баххæссæуыд  нысаниуæгджын  прогресс бæстæйы   демократон  æмæ  закъоны сæйрагдзинады институттæ европаг  стандарттæм  æмбæлон  скæныны», –  банысан кодтой   евросоветы   парламентон  ассамблейы  æмраныхасгæнджытæ.

Уыимæ иумæ ма,  разагътой  катай  «уыцы факты тыххæй, ома Гуырдзыстоны  европаг интеграцийы перспективæйы ахæм нысаниуæгджын моменты   реформæты  процесс,  бæрæг куыд у, афтæмæй   фæстиат кæны».

Фæнысангонд резолюцийы куыд ис фыст афтæмæй,   фундаментон   приоритет у политикон   уавæры  уæвæг  карз поляризаци кæрон   скæнын, кæцы  æхсæнады  алы   сферæ  агайы. Уыимæ, документмæ гæсгæйæ, ацы  поляризацийы  кæрон скæнын  баст у  алы политикон тыхы  æмбæрц  политикон фæндыл,  куыд  фылдæрты, афтæ  оппозицийы, цæмæй  фæивой  сæ уагахаст. Ацы контексты  парламентон ассамблейы  æмраныхасгæнджытæ  фауынц  анонимон   субъектты æрдгæй   фæарæхгонд  лæбурдтытæ æмбæстагонд   организациты æмæ сæ   къухдариуæгадмæ, уый нымæцы  Гуырдзыстоны  суверенитетмæ   сæ   иузæрдыгдзинадæй  фыдвæнд    фарсты бын бакæнынæй, кæцы гæнæн ис,  тæссаг   уа  сæ  физикъон æдасдзинадæн.