Европарламентартæ – Курæг стæм алы политикон архайæгæй, равдисæт бæрнон ахаст, хиуылхæцындзинад æмæ асдзинад
Курæг стæм алы политикон акторæй, равдисæт бæрнон ахаст, хиуылхæцындзинад æмæ асдзинад, цыт кæнæт æвзæрстгæнджыты демократон æвзарæнæн æмæ ссарæт хъæугæ компромисс, сæрмагондæй та, ног диалогы фæндагæй, кæцыйы фасилитатортæ иумæйагæй сты Евроцæдисы æмæ АИШ-ы минæвæрттæ Гуырдзыстоны – уый фæдыл Гуырдзыстоны парламентон æвзæрстытæм гæсгæ, цыппар европарламентары иуæймаг фидиуæны дзырдæуы.
Афтæма сæ аргълæвæрдæй, компромисс æнæмæнгхъæугæ у, цæмæй срæвдзæуа парламенты æнæкуылымпы куыст, уымæн æмæ уый у демократийæн иттæг ахсджиаг институт.
Афтæма банысангонд у, цæмæй разы сты OSCE/ODIHR, OSCE-ы парламентон ассамблейы, Европæйы Советы Парламентон ассамблейы æмæ НАТО-ы парламентон ассамблейы аргълæвæрдимæ, æмæ Евроцæдисы дипломатон куыст фыццаг раунды фæстиуджыты фæдыл цы аргълæвæрд сарызтой уыйимæ.
Афтæма, фидиуæныл къухбафыссæг Европарламентартæ хъусын кæнынц, цæмæй баззайгæ аиппытæ рараст кæнын хъæуы ног æвзарæнон реформæйы фæндагæй.
«Алы политикон тых, кæцытæ парламенты бавдыст сты, хъуамæ бакусой конструктивонæй æмæ сæ зæрдыл бадарой Гуырдзыстоны æвзæрст Европаг фæндагы сегасдæр сæйраг интерес» – дзырдæуы фидиуæны, кæцыйыл къух æвæрынц Европарламенты æддæ ахастыты комитеты сæрдар Девид Маккалистер, Европарламенты Хуссар Кавказимæ ахастыты делегацийы сæрдар Марина Калиуранд, Европарламенты Гуырдзыстоны фарстæтыл æмраныхасгæнæг Свен Миксер, Европаламентар Виола фон Крамони.