Европарламентартæ – Курæг стæм алы политикон архайæгæй, равдисæт бæрнон ахаст, хиуылхæцындзинад æмæ  асдзинад
Европарламентартæ – Курæг стæм алы политикон архайæгæй, равдисæт бæрнон ахаст, хиуылхæцындзинад æмæ асдзинад

Курæг  стæм  алы политикон  акторæй, равдисæт  бæрнон ахаст,  хиуылхæцындзинад æмæ асдзинад,  цыт кæнæт  æвзæрстгæнджыты демократон æвзарæнæн æмæ   ссарæт  хъæугæ  компромисс, сæрмагондæй та,  ног диалогы фæндагæй,   кæцыйы фасилитатортæ  иумæйагæй сты   Евроцæдисы æмæ  АИШ-ы  минæвæрттæ  Гуырдзыстоны –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны парламентон æвзæрстытæм  гæсгæ,   цыппар европарламентары  иуæймаг  фидиуæны  дзырдæуы.

Афтæма сæ  аргълæвæрдæй,   компромисс  æнæмæнгхъæугæ у, цæмæй  срæвдзæуа   парламенты  æнæкуылымпы  куыст,  уымæн æмæ  уый у  демократийæн  иттæг ахсджиаг  институт.

Афтæма банысангонд у, цæмæй разы сты  OSCE/ODIHR, OSCE-ы парламентон ассамблейы, Европæйы Советы  Парламентон ассамблейы  æмæ  НАТО-ы парламентон ассамблейы аргълæвæрдимæ, æмæ  Евроцæдисы  дипломатон  куыст  фыццаг раунды  фæстиуджыты фæдыл  цы  аргълæвæрд  сарызтой  уыйимæ.

Афтæма, фидиуæныл  къухбафыссæг  Европарламентартæ хъусын кæнынц,  цæмæй   баззайгæ  аиппытæ  рараст кæнын  хъæуы   ног æвзарæнон реформæйы  фæндагæй.

«Алы политикон тых,  кæцытæ  парламенты бавдыст сты, хъуамæ бакусой  конструктивонæй  æмæ  сæ зæрдыл бадарой  Гуырдзыстоны æвзæрст  Европаг фæндагы  сегасдæр сæйраг интерес» – дзырдæуы   фидиуæны,  кæцыйыл   къух æвæрынц  Европарламенты  æддæ ахастыты  комитеты  сæрдар  Девид  Маккалистер, Европарламенты  Хуссар Кавказимæ ахастыты  делегацийы  сæрдар Марина   Калиуранд, Европарламенты Гуырдзыстоны  фарстæтыл  æмраныхасгæнæг  Свен Миксер, Европаламентар  Виола фон  Крамони.