«Реформæты къорд», «Националон Змæлд»  æмæ «Лело»  Украинайы  фæдыл иуæймаг фидиуæн аразынц
«Реформæты къорд», «Националон Змæлд» æмæ «Лело» Украинайы фæдыл иуæймаг фидиуæн аразынц

 

Парламентон фракци, «Реформæты къорд», «Националон Змæлд» æмæ «Лело», Украинайы фæдыл иумæйаг фидиуæн   хæлиу кæнынц.

Фидиуæны  цалдæр фарстамæ у  хъусдард здæхт,  сæ нымæцы   дзырдæуы,  ома парламентон   оппозици  æмæ фылдæртæ  иумæйагæй   райсæт    Украинайы фарсхæцæг  парламентон резолюци,  стратегион хæлары  æмæ  партнерæн иумæйаг пазддзахадон, бирæпартион  фарсхцæн  позици  равдисыны нысанæн.

Уыимæ  ма, фидиуæн  æххæссы   ахæм фарстатæм: Гуырдзыстон-Украинайы  хæлæртты  къорды  активизаци  æмæ æввахс  бонты  иуæймаг   фарсхæцыны демоснтрацийы нысанæй  Киевмæ парламентон фылдæрты æмæ   оппозицийы  иуæймаг визиты  организаци;  цæугæ  къуырийы  Гуырдзыстоны  парламенты  комитетон   форматы фæсарæн хъуыддæгты министримæ  æмæ хъахъхъæнынады  министримæ  фембæлын æмæ Украинайы  цæугæ фæзындты  æркæсын.

Фидиуæныл  кухбафысджытæ  сидынц Гуырдзыстоны  премьер-министримæ, «рбахона  националон æдасдзинады  советы  ауæрæхгонд рабадт  Украинайы ныхмæ Уæрæсейы  ранæуæггонд  агрессийы  фоныл Гуырдзыстон æмæ регионæн сæвзæргæ  гæнæн тасы фæдыл æмæ  æмбæлгæ  мадзæлттæ  бакусыны нысанæн».

«Гуырдзыстоны  парламенты  афтæдæр  инициргонд у   Гуырдзыстон НАТО-йы  уæнгсуæвынæн фарсхæцæн  резолюци. Парламент  æввахс парламентон сессийыл   æркæсæд æмæ райсæд  иуæймаг резолюци  фæнысангонд  фарстайы фæдыл.  Курæг стæм  парламенты сæрдарæй,  фæсарæн хъуыддæгты  æмæ  хъахъхъæнынады æмæ   æдасдзинады  комитетты сæрдæрттæй,  æнæаргъæвгæйæ  райдайæт  консультацитæ  ацы фасрстатæ  æркæсынæн», – банысангонд у  фидиуæны.