Европарламент Михеил Саакашвилийы æнæниздзинады уавæры фæдыл резолюци райста
Европарламент Михеил Саакашвилийы æнæниздзинады уавæры фæдыл резолюцийы проект сбæлвырд кодта.
Резолюцийæн йæ фарс рахæцыд 577 европарламентари, ныхмæ рацыд 33, 26 та сæхи фæурæдтой.
Уыимæ знон публикацигонд консолидацигонд проектмæ ма абон бафтыдтой, «Европæйы Адæмон Партийы» инициргонд фиппаинаг кæцы Бидзина Иванишвилимæ æххæссы.
Ист барастмæ гæсгæйæ «Европарламент хахх кæны олигарх Бидзина Иванишвилийы фундаментон рол, Михекил Саакашвилийы ахсты, куыд персоналон вендеттайы хай. Фæлхатт кæны сидт совет æмæ демократон партнертæм, æркæсой Иванишвилийы персоналон санкцирдзинад йæ ролы тыххæй Гуырдзыстоны политикон прогрессы фæфыддæры».
Резолюцимæ гæсгæ, европарламент нымайы, цæмæй ахæм ахæстæн хсо кæнын, цахæмдæр у раздæры президент Михеил Саакашвили, лакмусы тест у Гуырдзыстоны хицауадæн хæсдзинад европаг хæзнаты æмæ йæ фиксиргонд европаг тырнынадæн, уый нымæцы Евроцæдисы кандидаты статусæн;
Европарламент ноджы иу хатт сиды Гуырдзыстоны хицауадмæ. Ссæрибар кæнæт Михеил Саакашвилийы. Раттæт йын бар, æмбæлгæ медицинон хоскæнын фæсарæнты гуманитарон цæстæнгасæй, афтæма политикон поляризаци фæкаддæр кæнынæн. Нымадмæ ис Гуырдзыстоны президенты фæстаг фидиуæн Европаг реформæты бонвæткы прогрессы размæ рахæцыны æмæ Михеил Саакашвилийы фарста алыгы фæдыл, сидт алы фарсмæ, Михеил Саакашвилийы фарста алыг кæныны фæдыл æмæ йын æнхъары, спайда кæна ныххатыры конституцийæ лæвæрд барæй;
Уыимæ, европарламент бакой кодта Гуырдзыстоны хицауадæн, кæцыйыл æвæрд цæуы бæрн раздæры президенты æнæниздзинад æмæ дзæбæхæй уæвыныл, сифтонг йын кæнæт адекватон медицинон хоскæнынад æмæ цыт кæнæт йæ фундаментон бартæ æмæ гоймагон джелбеттæн;
Резолюцийы куыд у банысангонд афтæмæй, Европарламент сиды Европаг Совет æмæ Еврокомиссимæ, активонæй дæр баиу уæд раздæры президенты, Михеил Саакашвилийы ссæрибар кæныны æмæ фæсарæнтæм хъæугæ медицинон хоскæнынадæй сифтонг кæныны хъуыддаджы;
Европарламент хахх кæны уыцы факт, ома дæргъвæтин æнæнтыст раздæры президент Михеил Саакашвилийы хуъыддаджы адарддæр кæндзæн Гуырдзыстоны репутацийæн знаггад кæнын æмæ сарæн кæндзæн Евроцæдисы кандидаты статус райсыны шанстæ;
Европарламенты афтæма бахахх кодтой, цæмæй æнæуый дæр поляризацигонд политикон климаты, Михеил Саакашвилийы дæргъвæтин ахæст æрмæст арфдæр кæны съкуыд хицауад æмæ оппозицийы æхсæн æмæ æнъкуысын кæны демократон институттыл æхсæнады æууæнк;
Уыимæ, Европарламенты бынсан кодтой, цæмæй Михеил Саакашвилийы хъуыддаг рабæрæг кодта тæрхонон системæйы бындурон реформæйы имплементацийы æнæмæнгхъæуындзинад;
Резолюцийы куыд дзырдæуы афтæмæй, европарламент сиды Европæйы фæсарæн архæйдтыты куыстмæ æмæ комиссимæ, адарддæр кæной Михеил Саакашвилийы цæугæ тæрхонон процессы систематон мониторинг куыд йæ ныхмæ бавдыст аххосæгты, афтæ фæсарæнтæм аласыны æркуырды хъуыддæгтыл;
Европарламент сиды Европарламенты президентмæ, арвитæт ацы резолюци Еврокомиссийы вице-президентмæ, æддæ æмæ æдасдзинады фарстаты бæрзонддæр минæвармæ, советмæ, уæнг бæстæты хицауадтæм æмæ парламенттæм, Евросоветмæ æмæ Гуырдзыстоны президентмæ, хицауадмæ æмæ парламентмæ.