Европарламент коррупцион  скандалы  фæдыл  Бельгийы   тæрхондоны æркуырды  бындурыл  дыууæ  европарламентарийæн   иммунитет аивыны  процедурæ  райдыдта
Европарламент коррупцион скандалы фæдыл Бельгийы тæрхондоны æркуырды бындурыл дыууæ европарламентарийæн иммунитет аивыны процедурæ райдыдта

Европарламенты  Бельгийы тæрхондоны æркуырды бындурыл, коррупцион  скандалы фæдыл  дыууæ европарламентарийæн, Андреа  Коцолино æмæ   æмæ Марк Тарабелайæн   иммунитет  аивыны   уæлрадон    процедурæ   райдыдта.   Сæ  дыууæ дæр,  «социал-демокртон  къорды» уæнгтæ сты.

«Æз  райдыдтон  уæлрадон процедурæ,  европарламенты  дыууæ  уæнгæн иммунитет  аивынæн.  Нал уыдзæн  æнæфхæрд» –  фыссы   микроблог   «Твиттеры»  европарламенты  президенты  Роберта  Меццолла.

Фæнысан кæнинаг у, цæмæй  уæдмæ   Роберта Меццола иммунитет аивдта   æмæ мандат фæурæдта  вице-президент  Эва   Кайлийæн, кæцы фæнысангонд   коррупцион   кандалы  фигурант у.  Эва Кайлийы  10 декабры   бельгийаг   барадхъахъхъæнджытæ  æрцахстой. Уый аххосджын  кæнын   Катары   пайдайæн   æнæзаконон    лобистон куысты.   Уымæй  уæлдай, фæдагуырды фæлгæтты   пъæлицæй  ноджы  цалдæр   уæнгы æрцахста.  Джигулы операцийы  фæлгæтты та, 600 мин  евро  систой.