Европаг Совет Белорусæн ног санкцитæ сфидар кæныны тыххæй æрныхас кодта
Брюсселы ацæугæ саммиты фæстиуæгæн, Европаг Совет Белорусæн ног санкцитæ сфидар кæныны фæдыл æрныхас кодта.
Европаг Совет тызмæг фауы «Райанэары» рейсы Минскытыхыбын сбадын кæнын æмæ Белорусы хицауад, журналист Роман Протасевичы æмæ йæ лымæн чызг София Сапегайы æрцахст.
«Ай у лæбурд дзырды сæрибары æмæ Европаг суверенитетмæ. Ацы мæтæфтауæг архайдæн æнæмæнгхæъугæ у хъæддых дзуапп раттын. Растдæр уый тыххæй Европаг Совет æрныхас кодта, цæмæй уыдзæн уæлæмхас санкцитæ уыцы уæнгты ныхмæ, кæцытæ баст уыдысты ацы скъæфты, афтæма бизнес æмæ экономикон компанитыл, кæцытæ финанс кæнынц режим», – банысан кодта Еврокомиссийы президент Урсула фон дер Лайен саммиты фæстæ лæвæрд пресс-конференцийыл.
Евроцæдисы совет афтæдæр сиды Евроцæдисы регистрацигонд авиакомпанитæм, сæхи бауромой Белорусы уæлдæфон тыгъдады тæхынæй. Афтæма сиды советмæ, райсæт алы хъæугæ мадзæлттæ, белорусаг авиакомпанитæн Евроцæдисы уæлдæфон тыгъдады тахтыты тобæ сывæрынæн æмæ уыдонæн Евроцæдисы аэропорттæ сыхгæнынæн, афтæдæр Совет рацыд инициативæйæ, амалуæвгæйæ цырд саразой физикъон æмæ юридикъон уæнгты номхыгъд санкцитæ сфидар кæнынæн.