«Европаг Гуырдзыстоны» æвзæрстыты æнæлегитимонæй хонынц æмæ хъусын кæнынц, цæмæй паралментмæ бацæуыныл кæронбæттæн скуыддзаг абон райхуъсын кæндзысты
«Европаг Гуырдзыстоны» æвзарæнон штабы къухдариуæггæнæг, Серги Капанадзейы дзырдæй, парти зæгъгæ нымайы, цæмæй парламентон æвзæрстытæ не сты легитимон æмæ не вдисынц адæмы фæнд.
Капанадзе куыд фехъусын кодта афтæмæй, кæронбæттæн скуыддзаг, бацæудзысты æви нæ парламентмæ, абон 15:00 сахатыл райхъусын кæндзысты.
«Европаг Гуырдзытон нæ хъуыды кæны, цæмæй ацы æвзæрстытæ уыд легитимон, нæ нымайæм ома ацы æвзæрстытæ равдыстой адæмы фæнд, уый тыххæй дæр архайдзыстæм адæмы интерестæм гæсгæйæ, кæцы фыццаджы дæр нысан кæны уый, æмæ абон рахæсдзыстæм уынаффæ, бацæуæм æви нæ парламентмæ. Мæхи сæрмагонд хъуыды у, цæмæй ма хъуамæ бацæуæм, фæлæ уый тыххæй, цæмæй махмæ, скуыддзæгтæ æрмæст иу адæймагыл баст никуы вæййынц, уыдзæн нын дискусси æмæ 15:00 сахатыл райхъусын кæндзыстæм нæ позицийы тыххæй. Мæ хъуыдымæ гæсгæ , дыккаг турты фæдыл уынаффæ хъуамæ рахæссой оппозицион партите иуæмйагæй. Ноджы иу хатт зæгъын, цæмæй кæд æвзæрстыты æнæлегитимоныл нымайæм, уæд дыккаг тур мауал хъуамæ ацæуа. Фæлæ ай у мæ хисæрмагонд хъуыды, дарддæрыл та фæуынаффæ кæндзыстæм партийы, æндæр оппозицион партитимæ иумæ», – фехъусын кодта Серги Капанадзе.