Парти «Европаг Гуырдзыстон» политикон советы фембæлд уадзы. Фембæлды сæйраг темæ у хæдуынаффæйы æвзæрстытæм политикон кампани райдаын.
Партийы иуæй-иу лидер, Гиги Цъеретели хъусын кæны, цæмæй фембæлдыл парламентмæ бацыд-нæбацыды фарстыл дæр уыдзæн ныхас. Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, хæдуынаффæйы æвзæрстыты рæстæджы æнæмæнгхъæугæ у партиты координаци.
«Кæд оппозицийы фæнды фæстиуæг райсын, иумæйаг интересты тыххæй, æлхынцъон бынæттыл, кæцы рæтты нын ис тынг дзæбæх кандидаттæ, фæуæлахиз уын кæм ис гæнæн, уæд уый æнæмæнгæй саразын хъæуы», – загъта Гиги Цъеретели.