«Æмбæстæгты» лидер саботажы азымджын кæны «Европаг Гуырдзыстоны»
«Æмбæстæгты» лидер саботажы азымджын кæны «Европаг Гуырдзыстоны»

Бокъериайы  парти  уыцы  фембæлдтæм цæуы  æрмæст уый тыххæй,  цæмæй  æддæмæ рахæсса  деталтæ.  Фæныхас кæна,  сызмæнта, саботаж кæнынц, цæмæй  фæкъуыхцы кæной  алцыппæт, уымæн æмæ парламентмæ нæ бахаудысты  Бокъериа æмæ Угулава – уый фæдыл  «Æмбæстæгты»  лидер, Алеко Элисашвили  загъта  сæрмагонд  фейсбук-лайвы.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,  зæгъгæ «Европаг Гуырдзыстонæн» сæ нысан у, алцыппæт фехалын.

Элисашвилийы æмбарынгæнæнмæ гæсгæ,  минæвæртты  æркуырдæй  нæ  ныхас кæны  бадзырдты  цыдыл, уымæн æмæ минæвæрттæ нымайынц, цæмæй   гæнæн ис  процесс базиан уа  æмæ разыдзинадмæ мауал æрцæуæм.

«Æз дзырд дæттын, процессы  æмзæрдæ  дæн æндæр партитæй  хъауджы.  Бокъериайы  парти  парти  уыцы  фембæлдтæм цæуы  æрмæст уый тыххæй,  цæмæй  æддæмæ рахæсса  деталтæ.  Фæныхас кæна,  сызмæнта, саботаж кæнынц, цæмæй  фæкъуыхцы кæной  алцыппæт, уымæн æмæ парламентмæ нæ бахаудысты  Бокъериа æмæ Угулава.  Уый тыххæй сæ фæнды  алцыппæт сызмæнтын.  Фæхуыдинаг сты сæ иу Зугдиды, иннæ  та –Потийы.  Ацыд Никъо Никъоладзейау   Бокъериа Потимæ æмæ 6% райста, цæй æнхъæл уыдис  цы  йын рауадаит.  Ныр сæ фæнды  алцыппæт сызмæнтын æмæ фæкъуыхцы кæнын.  Мæн та уый нæ фæнды» – райхъусын кодта  Элисашвили.