«Европаг Гуырдзыстон»  Батумы  партион номхыгъд æмæ  мажоритар депутаттæм кандидатты бавдыста
«Европаг Гуырдзыстон» Батумы партион номхыгъд æмæ мажоритар депутаттæм кандидатты бавдыста

«Европаг Гуырдзыстоны» сæрдар Гига Бокъериа, Батумы  хæдуынаффæйы  æвзæрстытæм партион номхыгъд æмæ  иумæйг оппозицион  мажоритар  депутаттæм кандидатты бавдыста.

Бавдисыны рæстæджы  банысан ис, цæмæй  уæлахиздзинады цауы,  оппозицийы   бадзырдмæ æмбæлгæйæ,   сакребулойы  сæрдары бынат  бацахсдзæн «Европаг Гуырдзыстоны» кандидат  Вахтанг  Калоян.

«Нæ  æвзарст бахъахъхъæнын хъом стæм æмæ нæ ратдзыстæм  фадат  режимæн, кæцы нæм хæдзæрттæм лæбуры, адарддæр кæна хицаудзинад», – райхъусын кодта Вахтанг Калоян.

Батумы параллелонæй  «Европаг Гуырдзыстон» афтæдæр Батумы уæвгæйæ  абон Ачъарайы  алы муниципалитеты кандидатты  бавдыста.