Европæйы советы парламентон ассамблейы мониторингы комитеты уæнгтæ фембæлдзысты гуырдзиаг депутаттимæ

Гуырдзыстонмæ официалон визиты фæлгæтты  Европæйы советы парламентон ассамблейы  мониторингы комитеты уæнгтæ фембæлдзысты гуырдзиаг  депутаттимæ.

Делегацийы уæнгтæ  абон парламенты фыццаг вице-спикер  Тамар Чугошвилиимæ фембæлдзысты, цæй фæстæ дæр  фембæлдтæ сырæздзысты  политикъон тыхтимæ.

Сæрмгондæй  та, уазджытæ  фембæлдзысты   куыд парламентон  къаддæрдæрты  уæнгтимæ – афтæ  «Националон  Змæлды» æмæ «Гуырдзиаг Бæллиццы»  минæвæрттимæ.