Еврокомиссийы президент хуъсын кæны, цæмæй ныллæгæфтиагджын бæстæтæн вакцинæ рæувадатс кæнынæн уæлæмхас суммæтæ рауæлдай уыдзæн
Еврокомиссийы президент Урсула фон дер Лайен хъусын кæны, ома ныллæгæфтиагджын бæстæтæн вакцинæ рæувадат скæнынæн, уæлæмхас суммæтæ рауæлдай кæндзысты. Уый фæдыл фон лер Лайен райхъусын кодта видео-сидты рæстæджы.
«Глобалон пандемиимæ тохæ куы абцæуы хъуыддаг, уæд «Нырма æз» дзырдæн гæнæн нæй. Европæ нæу сакъадах, нæ экономикæ къуындæг баст у æнææрмæст уæнг бæстæты æхсæн, фæлæ ма æппæт дунеимæ глобалон базарды, балцы æмæ æмгуыстады фæндæгтæй. 27 июны глобалон саммитмæ цæттæ кæнæм нæхи. Æхсæнадæмон партнертимæ иумæ кæсæм уыдзысты æви нæ бæстæтæ цæттæ, цæмæй иумæйаг ресурстæй рагафонмæ балхæнæм вакцинæ æмæ афтæма иумæ сифтонг кæнæм вакцинæйы рæувадат ныллаг æмæ астæуккаг æфтиагджын бæстæтæн» – хъусын кæны фон дер Лайен.