Павел Герчински -  æхсызгон мын у, цæмæй  хицауад  тынг цырд  бацархайдта  æмæ  9 къахдзæфжын архайадон  план  Брюссельмæ арвыста, Еврокомиссийы æркæсдзысты  план æмæ рахæсдзысты уынаффæ
Павел Герчински - æхсызгон мын у, цæмæй хицауад тынг цырд бацархайдта æмæ 9 къахдзæфжын архайадон план Брюссельмæ арвыста, Еврокомиссийы æркæсдзысты план æмæ рахæсдзысты уынаффæ

Раст  дыууæ къуыримæ  14-15-æм  дккабры  Евроцæдисы  лидертæ  27  бæстæйы  президенттæ  æмæ премьертæ æрымбырд уыдзысты   æмæ  рахæсдзысты уынаффæ   ауæрæхы пакеты фæдыл, дзырдæуы  10 бæстæйыл, кæцытæ  тырнынц  Евроцæдисы уæнгдзинадмæ.  Ацы пакет  фыццаг хатт  æххæссы  Гуырдзыстонмæ дæр, кæцы  мæнæн сæрмагондæй  эмоцион  момент у, –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны  Евроцæдисы минæвар Павел  Герчински  райхъусын кодта.

Минæвары  дзырдæй,  зæгъгæ нысаниуæгджын у алчи баиу уа æмæ  бакуса иумæ, цæмæй Гуырдзыстонмæ  лæвæрд уа  Евроцæдисы  кандидат бæстæйы статус.

«Куыд æй зонæм, афтæмæй,  Еврокомисси  8 ноябры позитивон   рекомендаци  ратта 27 паддзахадæн,   цæмæй  Гуырдзыстонæн  кандидаты статус раттой.  Æргомзæрдæйæ  ныфс дарын, цæмæй 27  паддзахад  сæ зæрдыл бадардзысты Евроцæдисы  ацы позитивон  рекомендаци фæлæ ацы уынаффæ базоныны онг   ноджы  нæ дыууæ куыри банхъæлмæ кæсын бахъæудзæн, багæдзæ кæнæм  æмæ ныфсджын уæм.  Бирæ  цыдæр уыд арызт, цæй  зæгъын æй хъæуы  ноджы  фылдæры саразын уыдис гæнæн.   Фæстаг бонты дæр бирæ ног  инициативæ уыд  рекомендацитимæ баст   размæцыдæн.  Реформæтæ æнæмæнгхъæугæ сты  ацы æмæ фæдылдзог  къахдзæфтæн,  цалынмæ  Гуырдзыстон Евроцæдисы  æххæстаргъджын уæнгæй суыдзæн.   Æхсызгон мын у  цæмæй хицауад  тынг  цырд архайдта  æмæ 9 кахдзæфджын архайадон план цалдæр боны размæ  æрвыст уыд Брюссельмæ. Еврокомиссийы  мæ коллегæтæ  кæсынц ацы архайадон план  æмæ сын  уыдзæн  иннæрдæм  бастдзинад. Алчи хъуамæ  кусит  иумæ  ацы 9  къахдзæфы  сыххæст кæнынæн, кæцыйæн хъæуы  инклюзивондзинад  хицауады  æрдгæй æмæ конструктивон  балæуд  оппозицийæ», – райхъусын кодта Герчински.