Еврокомисси Украинайы хъæууон-хæдзарадон продукцийы импортыл тобæты адарддæр кæныны фæдыл æнхъарæн бавдыста
Еврокомисси Украинайы хъæууон-хæдзарадон продукцийы импортыл арæнæвæрдты пролонгацийы фæдыл æнхъарæн бавыдста – уый фæдыл хъусын кæны польшайаг Ррадио «RMF24».
Еврокомисии бавдыста æнхъарæн, ома 15 сентябры фæстæ адарддæр уа украинаг хъæууон-хæдзарады бæрæг хуызы продукцийы импорты рæстæгмæ тобæ, куыд уый Польшæ æмæ Венгри домынц.
Медиа куыд фыссы афтæмæй, бæрæг нæу, дзырæуы арæнæвæрдты 2023 азы кæронмæ адарддæр кæныныл, æви цыбырддæр æмгъуыдмæ.
Уынаффæ ныр у еврокомиссийы президент Урсула фон дер Ляйеныл баст, фæлæ рауагхдад куыд банысан кодта афтæмæй, уый гæнæн ис уа сигнал, ома арæнæвæрдтæ адарддæр уыдзысты.
Бæрæгдзырдæн, Польшæйы хицауад дыццæджы рахаста резолюци, кæцыйы уый хъусын кæны йæ хъавды фæдыл адарддæр кæна тобæ, кæд уый Евроцæдис нæ сараздзæн уæддæр.