Еврокомисси – фæстаг бонты Европæйы антисемитизмы цаутæ æнахуыр бæронд æмвæзадмæ схызтысты
Фæстаг бонты Европæйы антисеммитизмы цаутæ æнахуыр бæрзонд æмвæзадмæ схызтысты, кæцы историйы сеппæтæй карздæр период нын мысын кæны, – уый фæдыл дзырдæуы Еврокомиссийы ахæлиугонд фидиуæны .
Еврокомиссийы фидиуæнæй, европæйы уæвæг дзуттæгтæ абон та ногæй тасы бын цæрынц.
«Мах Евроцæдис æмæ æппæт дунейы антисемитон цауты æмæ риторикæйы рæзт уынæм: «молотовы коктейльтæ; фехстой Синагогæйыл Германийы, Францы цæрæн хæдзæрттыл нынныв Давиды сталытæ, Автсрийы бафхæрдтой дзуттæгты уæлмæрдтæ, быртстытæ дзуттæгты дуканитæм æмæ Синагогæтæм Испанийы, демонстрацнттæ, кæцытæ дзуттæгты ныхмæ фыдзæрдæ слогантæ хъæр кæнынц. Ацы уæззау периоды Евроцæдис йæ дзуттаг дзыллæты фарсмæ лæууы. Мах тызмæг фауæм ацы æлгъаг митæ. Уыдон йæ ныхмæ сты алцыппæтæн, кæцыйы фарсхæцæг у Европæ, нæ фундаментон аргъъдзинæдтæн æмæ нæ цардуагæн, уыцы æхсæнады моделæн, кæцы стæм мах – æмсæрадыл бындурæвæрд, инклюзивондзинадыл æмæ адæймаджы бартæн цытлæвæрдыл», – дзырдæуы Еврокомиссийы филиуæны.
Еврокомисси куыд банысан кодта афтæмæй, мачи хъуамæ цæра дины кæнæ дентондзинады нысанæй дискриминацийы кæнæ тыхмидзинады тасы, – ма дæр дзуттаг, ма дæр пысылмон æмæ ма дæр чырыстон.
«Мах йæ ныхмæ хъуамæ слæууæм антисеммитизмæн, афтæма антипысылмонон фыдзæрдæдзинады рæзтæн, кæцыйы цæстæфенджытæ стæм фæстаг къуыриты æмæ кæцыйы бынат Европæйы нæй. Нæ барамынды нырид ис фидар инструменттæ ахæм инциденттыл региркæнынæн: Евроцæдисы закъондæттынадæй криминализацигонд у æхсæнад цырын кæныны фыдзæрдæдзинад æмæ тызмидзинадмæ, бæлвырд у иумæйаг ахаста= расистон æмæ ксенофобион фыдзæрдæдзинады æвзагæй дзырды æмæ хæрамдзинадæй фыдракæнды ныхмæ тохкæнынæн. Йæ карз сыххæст сифтонг кæнын ныр нысаниуæгджын у, куыд никуы афтæ», – дзырдæуы Еврокомиссийы фидиуæны.
Европаг уагдоны хъусинагæй, уæнг паддзахадтимæ æмкуыстгæнгæйæ Евроцæдис адарддæр кæндзæн æдасдзинады мадзæлттæ тынг кæнын. Афтæма Евроцæдис фæкарз кæндзæн æмбæлгæ закъондæттынад, цæмæй сифтонг кæна онлайнплатформæты цырд æмæ эффективон реагиркæнын антисемитон æмæ антипысылмонон контентыл, уыдзæн уый террористон, фыдзæрдæдзинады æвдисæг кæнæ дезинформацион æрмæг.
«Мах куыд европæгты иумæйаг бæрн у, бафауæм фыдзæрдæдзинады алы формæ æмæ йын йæ ныхмæ слæууæм», – дзырдæуы фидиуæны.