Еврокомисси æнæлегал мигрантты депортацийы ног планы тыххæй хъусын кæны
Еврокомисси æнæлегал мигрантты депортацийы ног планы тыххæй хъусын кæны. Уый фæдыл фидиуæн, мидхъуыддæгты Еврокомиссар Илва Йохансон Брюсселы уагъд пресс-конференцийыл фехъусын кодта.
Илва Йохансон куыд банысан кодта афтæмæй, ног план уагъд у Евроцæдисы æнæлегал мигрантты райрæзгæ нымæцæн бафæразынæн.
Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ 2022 азы Евроцæдисы территоримæ 300 000 æнæлегал мигрант ныццыд. Сæ фылдæрæн нæй, хиæмбæхсæн арйсыны бар. Ацы проблемæ алыг кæнынæн арызт ног стратегимæ гæсгæ, еврокомисси Евровцæдисы уæнг паддзахадты æхсæн бирæ æнгом дæр æмгуыстады, бæрæггæнæнтæ баивды процессы æмæ уынаффæ рахæссыны процесс фæтагъд кæныны инициативæйæ рацыд.
Брюсселы сæм ныфс ис, цæмæй сæ бон бауырдзæн æнæлегал мигрантты уыцы бæстæтæм æрыхдахын, кæцытимæ дæр Евроцæдисы æмкуыст кæны.
«Дойче Веллейы» хуъсинагæй, 2022 азы хиæмбæхсæн райсын кæй фæндыд, уыдоны нымæцæй Евроцæдисы уæнгты æхсæн лидер у Германи. Ахæм æркуырдты иумæйаг нымæц фаронимæ абаргæйæ райрæзт 57%-æй. Дыккаг бынатыл ис Франц, æртыккагыл та Испани. Уй фæдыл цæуынц Австри æмæ Италиа. Хиæмбæхсæнагурджыты нымæцы сеппæтæй бæрзонддæр рæзт сфиксир кодтой Ирландийы.
Ацы статистикон бæрæггæнæнтæм нæ цауынц Украинайы æмбæстæгтæ, уымæн æмæ Уæрæсейы агрессийы тыххæй, уыдонæн автоматонæй дæттынц Евроцæдисы цæрыны бар.
Уыимæ Германийы сеппæтæй фылдæр хиæмбæхсæнагурæг 2022 азы уыд Сирийæ (27%), Афгъанистанæй (17%), Туркæй (10%), Иракæй (6,9%) æмæ Гуырдзыстонæй (4%).
Рауагъдадт «Вельты» бæрæггæнæнтæй, æрмæст Берлины фарон хиæмбæхсæн æркуырдта 16 000 мигрант. Уыдонæй 3500 Молдовæйæ уыдысты, 2400 Сирийæ, 2100 Афгъанистанæй, 1833 Туркæйы æмæ 2100 Гуырдзыстонæй.