Евроцæдисы политикæйы æмæ æдадсзинады комитеты делегаци уыдис администрацион арæйнон хаххы цур
Евроцæдисы цæстдарæг мисси Хуссар Ирыстонимæ администрацион арæйнон хаххыл, Хурвалеты хъæуы алфæмбылæйтты патрул кæныны рæстæджы Евроцæдисы политикæйы æмæ æдасдзинады комитетæн (PSC) сфысым кодта. Информаци уый тыххæй хъусын кæны Гуырдзыстоны Евроцæдисы цæстдарæгон мисси.
Афтæма сæ хъусинагæй, патрул кæныны рæстæджы Евроцæдисы цæстдарæгон миссийы минæвæрттæ Евроцæдисы уæнг паддзахадты минæвæрттæн бадæттой информаци æдасдзинады æмæ гуманитарон æрдгæй уавæры фæдыл.
Конкретонæй дæр та уыдон райхæлдтой, цы æппæрццаг æндæвдад ис «бордеризацийæн» æмæ сæрибарæй змæлды арæнæвæрдтæн администрацион арæйнон хаххы дыууæдæр фарсыл цæрæг конфликты фæстиуæгæн зианбавзарæг цæрджытыл.
Евроцæдисы политикæйы æмæ æдадсзинады комитеты делегацийæн йæ размæ рацыды фæстæ миссийы ногнысангонд къухдариуæггæнæг Бетина Парисиа Бугани райхъусын кодта, цæмæй ацы нысаниуæгджын визит хахх кæны Евроцæдисы хъæддых иузæрдыгдзинад Гуырдзыстоны стабилондзинад мæ æдасдзинадмæ.
«Тынг зæрдæрухс дæн Евроцæдисы цæстдарæг миссийы 300-йæ фылдæр кусæгæй арæзт балæн къухдариуæг кæныны фадат раттыны тыххæй. Мах иумæ архайæм сифтонг кæнæм хæстон архæйдтыты æнæсног æмæ йæ къух саразæм фæхицæнтæгонд дзыллæты æхсæн æууæнк сæндидзын кæнынæн» – банысан кодта Бетина Патрисиа Бугани.
Уыимæ ма Бугани банысан кодта, цæмæй Евроцæдисы уæнг палдзахадты минæвæртты делегацийæн скуыддзаггæнæг нысаниуæг ис Гуырдзыстоны æдасдзинады уавæры сæрмагондæй фенын, уымæн æмæ сын комкоммæ дæтты фадат бынатыл уæвæг расидтытимæ æмæ зындзинæдтимæ базонгæ уой. Афтæм йæ дзырдæй, зæгъгæ уый иттæг нысаниуæгджын рол сыххæст кæндзæн регионы стабилондзинады æмæ сабырады тыхархæйдтыты фарсхæцæг Евроцæдсиы скуыддзæгтæ бакусыны рæстæджы.
Гуырдзыстоны Евроцæдисы цæстдарæг миссийы информацийæ, Еврцоæдисы политикæйы æмæ æдасдзинады комитет арæзт у Брюсселы архайæг Евроцæдисы уæнг паддзахадты минæвæрттæй.
«Уый ифтонг кæны уыцы сферæты стратегион къухдариуæгад, кæцыйы дары йæ хъуыдыйы Евроцæдисы иумæйаг æддагон æмæ æдасдзинады политикæ (CFSP) æмæ иумæйаг æдасдзинады æмæ хъахъхъæнынады политикæ (CSDP), афтæма цæттæ кæны Евроцæдисы министрты советы уынаффæтæ»- банысангонд у Гуырдзыстоны Евроцæдисы цæстдарæг миссийы информацийы.