Евроцæдисы минæварад публикаци кæны фидиуæн, Уæрæсе æмæ Гуырдзыстоны æхсæн конфликты 11 азы сæрмæ гæсгæ
Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæварад Уæрæсе æмæ Гуырдзыстоны æхсæн конфликты 11 азы сæрмæ гæсгæ фидиуæн хæлиу кæны.
«11 азы рацыд Уæрæсейы Федерацийы æмæ Гуырдзыстоны æхсæн 2008 азы агусты конфликты фæстæ. Ацы периоды дæргъы, Уæрæсей Федераци æхсæнадæмон барады æмæ 2008 азы 12 августы бадзырдæй йæхимæ цы хæстæ райста уыдоны хæлдæй æнææрмæст ныууагъдта, фæлæ ма ноджы райрæзын кодта æфсæддон уæвынад куыд Абхазы афтæ Хуссар Ирыстоны.
Конфликтæй зианбавзарæг цæрджыты фундаментон адæймаджы бартæ фæстæмæ хæлд цæуынц, уый нымæцы бынативды сæрибар арæнæвæрды фæндагæй а.х. «бордеризацийы», ахизæн пунктыты рæстæгмæ æрыхгæды æмæ æнæзакъонон ахстыты фæрцы, афтæдæр тыхыбын бынативгæ уæнгты æмæ лигъдæтты æдас æмæ аккаг æрыздæхыны бар халыны фæрцы.
Гуырдзыстоны æрцæугæ конфликттæ миншгай адæймагы тыхыбын бынативын æмæ царды кæронмæ травма расайдта. Ацы бындариуæг фæлæтæртæм æндавы абон дæр. Евроцæдис райы æмæ йæ фарс хæцы гуманитарон æмæ æдасдзинады фарстаты аскуыддзагыл ориентацигонд алы фарсы æргомзæрдæ æмæ аполитикъон архæйдтæн.
1990-æм азтæй райдайгæйæ Евроцæдис Гуырдзыстоны конфликтты сабырадон фæндагæй аскуыддзаг баахъаз кæнын архайдта. Ацы тыхархайд сæрмагондæй райрæзтис 11 азы размæ æмæ абоны онг дарддæр кæны. Евроцæдис адарддæр кæндзæн ацы тыхархайд, уый нымæцы Хуссар Кавказ æмæ Гуырдзыстоны кризисты фарстаты Евроцæдисы специалон минвары куысты, Женевæйы æхсæнадæмон дискусситы æмсæрдары рангы бастдзинады æмæ бынатыл иунæг æхсæнадæмон цæстдарæгон миссийы – Евроцæдисы цæстдарæг миссийы куысты фæрцы» – банысангонд у фидиуæны.
Афтæма, минæварады фидиуæны мидæг куыд дзырдæуы афтæмæй, Евроцæдис адарддæр кæндзæн Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзнадæн фарс хæцын бæстæйы æхсæнадæмонæй нымад арæнты.
Гуырдзыстоны Евроцæдиси минæварады веб-фарсыл банысангонд у, цæмæй фидиуæн публикаци цæуы Гуырдзыстоны аккредитацигонд Евроцæдисы бæстæты мисситы къухдариуæггæнджытимæ разыйæ.