Евроцæдисы цæстдарæг миссийы къухдариуæггæнæг - Гуырдзыстоны баззайдзыстæм, цалынмæ хъæудзæн уæдмæ
Евроцæдисы цæстарæг мисси 15 азон куысты фæстиуджытæ хатдзæг кæны. Цæстдарæг миссийы къухдариуæггæнæг Димитриос Карабалис абон прессконференци ауагъдта.
Цæстадæрг миссийы къухдариуæггæнæгы дзырдæй, рæст 15 азы размæ Гуырдзыстоны патрулир кæнын райдыдта 200-й фылдæр цæстдарæг.
«Фæстаг 15 аз у, æхсæв-боны мидæг афæдзы 365 бон патрул кæнæм. Нæ нысан у Гуырдзыстоны стабилондзинады, æдадсзинад æмæ дæргъвæтин сабырдзинад куыд уа уыцы уавæрæн аууæлттæ скæнын. Евроцæдис ис Гуырдзыстон æмæ уæрæхææй дæр регионы, конфликтты сабырадонæй аскуыддзагы дæргхвæтин хæсисты иузæрдыг. Евроцæдисы цæстарæг мисси OSCE-имæ иумæ дарддæр кæны ахизæн пунктты æххæстæй куысты сног кæнынмæ сидын», – райхъусын кодта Карабалис.
Цæстдарæг миссийы къухдариуæггæнæгы фидиуæнæй, змæлды фылдæр сæрибардзинад нысаниуæгджынæй фæхуыздæр кæндзæн конфликты фæстиуæгæн зианбавзарæг цæрджыты æрвылбойнон цард администрацион арæйнон хаххыты дæргъмæ.
«Куы ныхас кæнæм змæлды арæнгонд сæрибардзинадыл, мах афтæдæр хъуамæ фæныхас кæнæм цæугæ а.х. бордеризацийыл. «Бордеризаци» æцæгдæр нæу раст термин, дзурын администрацион арæйнон хаххы фæфидаргæнæн æмбондтыл, телтæй æмбондты æмæ цæстдарæн постыты фæрцы. Администрацион арæны дыууæдæр æрдгæй цæрæг сылгоймæгтæ, нæлгоймæгтæ, сывæлттæ æмæ карджын адæймæгтæ фæстæмæ та æнкъарынц йæ æндæадвд. Уый сын куылымпы кæны зæхх æмæ доны рæувадатдзинад, религион объекттæм бацæуыны фадат. Сывæлттæн байсы сæ æвзæрст ахуыры фадат. Уый бирæ адæймагы æнтыстджын фидæны бæллиццытæ мары. Бинонтæ, сыхæгтæ, хъæутæ дæр дих сты. Ноджы иу хатт мæ фæнды зæгхын нæ сæйраг æрвитæггаг: 15 азы дæргъы Евроцæдисы цæстдарæг мисси сукыддзаггæнæг роль æххæст кæны стабилондзинад сфидар кæныны æмæ тынгад фæкаддæр кæнынæн Гуырдзыстоны æмæ уæрæхæй регионы. Бынатыл нæ уæвын фæтаг 15 азы дæргъы бæлвырл æвдисы Евроцæдисы иузæрдыгдзинад сабырад æмæ æдасдзинад сфидар кæнынæн. Мах бынæттон дзыллæты царды æмæ æдасдзинад фæхуыздæры нæ миссийы иузæрдыг стæм. Мах баззайдзыстæм Гуырдзыстоны цалынмæ бахъæудзæн уæдмæ», – райхъусын кодта цæстдарæг миссийы къухдариæггæнæг.