«Евроактив» Виола фон Крамоны хъуыдыйы тыххæй хъусын кæны - Украиан æмæ Молдовæйæн кандидаты статус раттын у тынг аслам, уыдон ацы статусæй æнхъæлмæ касты режимы уæвын гæнæн ис иудадзыг бахъæуа
Европарламентари Виола фон Крамон Евроцæдисы Совет, Украина æмæ Молдовæйæн Евроцæдисы уæнгтæм кандидаты статус кæй ратта уый «тынг аслам» уынаффæйæ схуыдта.
Ацы фидиуæн немыцаг ерводепутат рауагъдад «Евроактивимæ» ныхасы сарызта.
«Уынаффæ кæцы Молдовæ æмæ Украинайы фарстайы фæдыл уыдис, тынг аслам у. Геополитиконæй тынг уæззау уавæры ацы бæстæтæн кандидаты статус раттын нын ницы сбаддзæн. Ацы статусæй сæ гæнæн ис иудадзыг æнхъæлмæкасты режимы базазйæт, куыд турк æмæ Ныгуылæн Балканты бæстæты цауы федтам. Кандидаты статус уыдис æппынфæстаг, цæй саразын уыд сæ бон европаг лидертæн, афтæ, цæмæй финансон хæсист ма ракодтаиккой. Бæрæг у, цæмæй дзæбæх у Евроцæдисы иудзинад æмæ Украинæгтæн нысан раттын, уыдой ацы æбуальгъ хæсты куы хæцынц, уæд. Гуырдзыстоны тыххæй куы зæгъæм уæд, банысан кæнын хъæуы, цæмæй бæстæйæн ис проблема. Раздæр уый кæддæриддæр уыдис раздзог реформæты, коррупциимæ тохы, дзыллæйы модернизацийы. Фæлæ ныр уыдон бынтон æнæраст æрдæмад систой. Æмæ ацы хъæнтæ бацаразыны бæсты, уыдон та сæ уæрæхдæр кодтой, æмæ уымæй зын кодтой Европаг Советæн уынаффæ рахæссын, уыдонæн дæр уыцы статус раттын, кæцы раттой Молдовæ æмæ Украинайæн. Рæстаг у æрмæст – сæрыфыццаг сыххæст кæнут рард æмæ æрмæст уый фæстæ уын ратдзыстæм уыцы статус, кæцы раттам иннæ дыууæ бæстæйæн», – хъусын кæны Виола фон Крамон.