«Евроактив»  Виола фон Крамоны хъуыдыйы тыххæй  хъусын кæны -  Украиан æмæ Молдовæйæн  кандидаты статус раттын у тынг аслам, уыдон  ацы статусæй æнхъæлмæ касты режимы  уæвын гæнæн ис иудадзыг бахъæуа
«Евроактив» Виола фон Крамоны хъуыдыйы тыххæй хъусын кæны - Украиан æмæ Молдовæйæн кандидаты статус раттын у тынг аслам, уыдон ацы статусæй æнхъæлмæ касты режимы уæвын гæнæн ис иудадзыг бахъæуа

Европарламентари Виола фон Крамон  Евроцæдисы  Совет, Украина æмæ   Молдовæйæн   Евроцæдисы  уæнгтæм кандидаты статус кæй ратта  уый «тынг аслам»   уынаффæйæ  схуыдта.

Ацы  фидиуæн  немыцаг  ерводепутат  рауагъдад «Евроактивимæ» ныхасы сарызта.

«Уынаффæ  кæцы  Молдовæ æмæ Украинайы  фарстайы  фæдыл  уыдис, тынг аслам у.  Геополитиконæй  тынг уæззау уавæры   ацы бæстæтæн  кандидаты  статус  раттын  нын ницы  сбаддзæн.  Ацы статусæй  сæ гæнæн ис    иудадзыг  æнхъæлмæкасты режимы  базазйæт, куыд турк æмæ  Ныгуылæн Балканты  бæстæты  цауы  федтам.   Кандидаты статус  уыдис æппынфæстаг, цæй саразын уыд  сæ  бон европаг лидертæн, афтæ, цæмæй финансон   хæсист ма ракодтаиккой.  Бæрæг у, цæмæй  дзæбæх у Евроцæдисы  иудзинад  æмæ Украинæгтæн  нысан  раттын, уыдой  ацы æбуальгъ хæсты  куы хæцынц, уæд.  Гуырдзыстоны  тыххæй куы зæгъæм уæд,  банысан кæнын хъæуы,  цæмæй  бæстæйæн ис проблема. Раздæр уый  кæддæриддæр уыдис раздзог  реформæты, коррупциимæ тохы,  дзыллæйы модернизацийы.  Фæлæ ныр уыдон бынтон æнæраст æрдæмад  систой.  Æмæ ацы  хъæнтæ  бацаразыны бæсты, уыдон  та  сæ  уæрæхдæр кодтой, æмæ  уымæй  зын кодтой  Европаг Советæн   уынаффæ рахæссын,  уыдонæн  дæр  уыцы  статус  раттын, кæцы раттой  Молдовæ æмæ Украинайæн. Рæстаг у  æрмæст –  сæрыфыццаг сыххæст кæнут рард æмæ æрмæст уый фæстæ уын ратдзыстæм уыцы статус, кæцы  раттам иннæ дыууæ бæстæйæн», –   хъусын кæны Виола фон Крамон.