«Евро-2024»-ы матчытæм ацæуын кæй фæнды уыдонæн «WizzAir» Гуырдзыстонæй  Германимæ уæлæмхас  тахтытæ  снысан кодта
«Евро-2024»-ы матчытæм ацæуын кæй фæнды уыдонæн «WizzAir» Гуырдзыстонæй Германимæ уæлæмхас тахтытæ снысан кодта

«WizzAir» Кутаисæй  Германийы уыцы  горæтты æрдæм, цы ран   Гуырдзыстоны æмбырдгонды хъæзтытæ ацæудзæн, специалон тахтытæ  сыххæст кæндзæн.

Авиакомпанийы информацийæ, «WizzAir»-ы регулярон рейстæй  уæлдай, 18, 22 æмæ 26 июны, Кутаисæй – Германийы, æрмæст 19, 22 æмæ  27 июны  Германийæ – Кутаисы аэропоортмæ  уæлæмхас  рейстæ  снысан сты.

«Гуырдзиаг сæрхъызойтæн фæндон рæстæджы  сæ бон уыдзæн  абалц кæнын æмæ  националон æмбырдгондæн йæ фарс рахæцын.  Тахтыты ацы ранывæзт   фантастикон  фадат ратдзæн   гуырдзиаг   футболы уарзджытæн  æмæ иузæрдыг сæрхъызойтæн, цæмæй  бынатыл   рахæцой йæ фарс æмæ ныфсджын кæной   Гуыдзыстоны  æмбырдгонд. Футболы  сæрхъызойтæн, кæцыты фæнды  йæ фрас раæцын националон балæн  «Евро 2024»-ыл   сæ бон у   балхæной  билеттæ  фиксиргонд аргъæй, «WizzAir»-ы  веб-сайты æмæ авиакомпанийы   мобилон  уæлæмхасæны   фæрцы» – банысангонд у авиакомпанийы  ахæлиугонд информацийы.