ЕÆÆО-ы парламентон ассамблейыл Уæрæсейы æрдæм критикон резолюци сбæлвырд кодтой
Европæйы æдасдзинад æмæ æмгуыстады организацийы парламентон ассамблейыл Уæрæсейы æрдæм критикон резолюци сбæлвырд кодтой. Документ райстой адæймаджы барты комитеты.
Депутаттæ Уæрæсейы Федерацийы адæмаджы барты хæлдыл æмæ тæрхонон системæйы уæвæг уæззау уавæрыл цырын кæнынц хъусдард. Резолюцийæн йæ фарс рахæцыдысты 35 делецгаци, 11 йæ ныхмæ схъæлæс кодтой æмæ 7 та бынтон сæхи баурæдтой.
Документы æркæсынмæ Швецийы делегаци рахаста. Резолюцийы ОБСЕ-йы парламентон ассамблейы уæнгтæ æрсидтысты Уæрæсемæ, адæймаджы барты хæлды фактытæ цæхгæр кæрон скæна æмæ срæвдз кæна рæстаг тæрхонон кастытæ, адæймаджы барты Европаг конвенцийы æххæст хъаххъæдæй.
Документы автор шведаг депутат Маргарет Седерфельд домы, Уæрæсейы хицауад дзырды æмæ зиравдысты бар сæххæст кæныны тыххæй, ахст алы уæнгы ссæрибар кæна.
Резолюцийы Уæрæсейы хицауадмæ æрсидтысты, бахъхъхъхæна ЛГБТ дзыллæйы бартæ æмæ фæмацы кæна 2013 азы ист закъон, кæцы ацы темы æрдæм дискриминацион у. Резолюцийы афтæдæр дзырдæуы, цæмæй Уæрæсейы хицауад не сбæлвырд кодта æмæ нæдæр дзуаппмæ ратта оппозиционер депутаты Борис Немцовы марындзинады организаторты.
Профилон комитеты разыдзинады фæстæ документæн хал сæппардзысты ОБСЕ-йы парламентон ассамблейыл æмæ разыдзинады цауы, а.х. Берлины декларацимæ бахæссдзысты, кæцыйы ОБСЕ-йы 57 уæнг бæстæйы парламенты спикертæ æмæ æддæ хъуыддæгты министртæ иууылдæр итумæ бавдисдзысты.