Сопио Кацарава – Уæрæсейы æрдгæй  стыр ныхмæлæудмæ æнæкæсгæ, ЕÆÆО-ы парламентон ассамблей  нæ  резолюци  хъæлæсты фылдæрæй  сбæлвырд кодта
Сопио Кацарава – Уæрæсейы æрдгæй стыр ныхмæлæудмæ æнæкæсгæ, ЕÆÆО-ы парламентон ассамблей нæ резолюци хъæлæсты фылдæрæй сбæлвырд кодта

ЕÆÆО-ы  парламентон ассамблей Сопио  Кацаравайы  инициргонд  резолюци  хъæлæсты фылдæры хайæ сбæлвырд кодта.

«Люксембургы   декларацимæ  бацыд нæ бæстæйæн  иттæг нысаниуæгджын  документ.  Ай у принципон   æмæ  карз резолюци,   кæцы  æвдисы  æдасдзинады   æмæ адæймаджы   барты  уæззау   уавæр  оккупацигонд территоритыл,  кæцымæ гæсгæ  дæр  ассамблей  сиды  Уæрæсейы  Федерацимæ,  бахъахъхъæна  æхсæнадæмон   нормæтæ æмæ  барад», –  райхъусын  кодта  фылдæрты  депутат Сопио Кацарава.

ЕÆÆО-ы   парламентон ассамблей  сиды  Уæрæсейы  Федерацимæ  бахъахъхъæна 2008 азы  12  августы   æхсты фæурæды  фæдыл   бадзырд,  бауадза  æхсæнадæмон   цæстдарæг  механизмтæ  оккупацигонд  территоритæм; фæнысан кæндзæн тыхыбын бынативгæ  уæнгты  сæрмагонд хæдзæрттæм аккагæй  æрыздæхыны æнæмæнгдзинад.

Ассамблей  уæнг бæстæтæм сиды  Гуырдзыстоны парламенты   райст  резолюци – «Уæрæсейы  Федерацийы æрдгæй   оккупацигонд Абхаз æмæ  Цхинвалы регионы  адæймаджы барты   гуырымыхъхъ  хæлды  æмæ   «Отхозориа-Татунашвилийы номхыгъдæй»  бæрæг  фыдгæнджыты æрдæм   барад  сæххæст  баахъаз кæнынмæ;

Документы  афтæдæр банысангонд у  сидт ЕÆÆО-ы  æмсæрдар бæстæй  æрдæм,  фæтынгдæр кæны тыхархайд  оккупацигонд Гуырдзыстоны  территоритыл  ЕÆÆО-ы   миссийы  æрыздахыны фæдыл.

Резолюцийы   æвдыст у  сидт  Женевæйы æхсæнадæмон  бадзырдты   конструкциондзинады æрдæм æмæ  Гуырдзыстоны сабырадон  политикæйы   æмæ инициативæйæн  «Къахдзæф хуыздæр Фидæны æрдæм» хъæддых  фарс рахæцын.

Информацийы  хуъсын кæны   Гуырдзыстны парламент.