Давит Залканиани, Гугутъианткарийы сырæзт уавæр афæлгæста ЕÆÆО-ы архайæг сæрдаримæ
Давит Залканиани, Гугутъианткарийы сырæзт уавæр афæлгæста ЕÆÆО-ы архайæг сæрдаримæ

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалиани, хъæу Гугутъианткарийы  оккупацион тыхты  æрдгæй  аразгæ  барьерты  монтажы  æнæзакъонон процесс  адарддæр кæныны фарстайыл  сæрмагонд  уавæры  сарызта телефонон  ныхас  ЕÆÆО-ы  архайæг сæрдаримæ –  Словакийы  фæсарæн  æмæ  Европæйы   хъуыддæгты министримæ, Мирослав Лайчакимæ. Уый тыххæй   информацийы  хъусын кæны  Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты  министрад.

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты  уагдоны  хъусинагæй  Давит Залкалиани  ЕÆÆО-йы   архайæг   сæрдарæн,  деталон информаци бадæтта  оккупацион  хаххыл фæарæхгонд   провокациты тыххæй.  Словакийы  фæсарæн хъуыддæгты министрмæ ис æххæст сурæт  хъæу Гугутъианткарийы  аразгæ  барьерты  монтаж кæныны  æнæзакъонон   процессы æмæ Гуырдзыстоны  аст æмбæстагы  аскъæфыны фæдыл.

Телефонон ныхасы рæстæджы министр банысан кодта, цæмæй  Гугутъианткарийы  аразгæ  барьерты  монтажы параллелонæй,   оккупацион тыхты æрдгæй  Гуырдзыстоны æмбæстæгты  скъæфты æмæ æнæзакъонон  ахсты практикæйы  дарддæрдзу, ноджы  фылдæр  зын кæны  æдасдзинады æмæ гуманитарон   æрдгæй   æнæуый дæр уæззау   уавæр, æмæ у  бæстæйы  ситуацийы дестабилизаци  скæныны  бæрæг  архайд Уæрæсейы  Федерацийы  æрдгæй.

Фæсарæн хъуыддæгты министр   Мирослов Лачакъмæ  куырдиатæй  баздæхт, цæмæй ЕÆÆО-ы  архайæг сæрдар скусын кæна  алы  æхсæнадæмон мæцъис, цæмæй  гæнæн бауа  оккупацион хаххыл телтæй  æмбондты æмæ аразгæ барьерты  монтажы æнæзакъоно процесс бауромын æмæ  скъæфт Гуырдзыстоны æмбæстæгты  æнæаргъæвгæйæ  æрыздахын сæрмагонд хæдзæрттæм.

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты  министрады  хъусинагæй,   Давит Залкалиани  Европæйы  æдасдзинад æмæ æгуыстады  организацийы  архайæг  сæрдарæй  афтæдæр ракуырдта,   æхсæнадæмон дзыллæйы боны фæткы   Гуырдзыстоны темæйы   бæрзонд æмвæзадмæ схæцын. Телефонон ныхасы  рæстæджы  афтæдæр   банысан ис  ЕÆÆО-ы  сæрдариуæгы  специлон  минæвары  Гуырдзыстонмæ  æрцæуын æмæ уаавæримæ бынатыл  базонгæ уыны  нысаниуæг.  ЕÆÆО-ы архайæг сæрдар,  ноджы иу  хатт банысан кодта  Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн  фарсхæцынад æмæ  бахахх  кодта   бынатыл æдасдзинад  сифтонг  кæныны æнæмæнгхъæугæдзинад.