ЕÆÆО-ы парламентон ассамблейыл Уæрæсейы æрдæм критикон резолюци сбæлвырд кодтой
ЕÆÆО-ы  парламентон  ассамблейыл   Уæрæсейы   æрдæм   критикон   резолюци  сбæлвырд кодтой

Европæйы  æдасдзинад æмæ æмгуыстады  организацийы  парламентон ассамблейыл  Уæрæсейы  æрдæм критикон   резолюци   сбæлвырд кодтой.  Документ  райстой  адæймаджы барты  комитеты.

Депутаттæ Уæрæсейы  Федерацийы   адæмаджы   барты хæлдыл  æмæ   тæрхонон системæйы   уæвæг   уæззау  уавæрыл    цырын кæнынц  хъусдард.  Резолюцийæн йæ фарс рахæцыдысты  35 делецгаци,  11  йæ ныхмæ схъæлæс  кодтой æмæ 7  та   бынтон сæхи  баурæдтой.

Документы    æркæсынмæ   Швецийы    делегаци рахаста.   Резолюцийы   ОБСЕ-йы    парламентон   ассамблейы   уæнгтæ  æрсидтысты Уæрæсемæ,   адæймаджы   барты    хæлды  фактытæ  цæхгæр  кæрон скæна  æмæ    срæвдз кæна    рæстаг тæрхонон  кастытæ, адæймаджы барты   Европаг   конвенцийы   æххæст хъаххъæдæй.

Документы   автор  шведаг депутат Маргарет  Седерфельд    домы,  Уæрæсейы   хицауад   дзырды  æмæ   зиравдысты  бар сæххæст кæныны   тыххæй,    ахст алы  уæнгы   ссæрибар кæна.

Резолюцийы   Уæрæсейы   хицауадмæ æрсидтысты,   бахъхъхъхæна   ЛГБТ  дзыллæйы   бартæ æмæ   фæмацы  кæна  2013  азы ист  закъон,   кæцы  ацы  темы  æрдæм дискриминацион у.  Резолюцийы   афтæдæр  дзырдæуы,  цæмæй   Уæрæсейы   хицауад  не  сбæлвырд кодта  æмæ   нæдæр дзуаппмæ ратта    оппозиционер   депутаты  Борис  Немцовы  марындзинады  организаторты.

Профилон  комитеты  разыдзинады  фæстæ  документæн  хал сæппардзысты   ОБСЕ-йы   парламентон   ассамблейыл  æмæ   разыдзинады  цауы,  а.х.  Берлины  декларацимæ  бахæссдзысты,  кæцыйы   ОБСЕ-йы  57 уæнг бæстæйы парламенты  спикертæ æмæ   æддæ хъуыддæгты министртæ иууылдæр  итумæ  бавдисдзысты.