ЕÆÆО-ы архайæг сæрдар Мирослав Лайчак уыдис оккупацион хаххы арæнгæрон
ЕÆÆО-ы архайæг сæрдар, Словакийы Республикæйы æддæг æмæ европаг хъуыддæгты министр Мирослав Лайчак уыдис оккупацион хаххы арæнгæрон.
«Мæ фыццаг æрлæууд Гуырдзыстонмæ визиты рæстæджы – уыдтæн администрацион арæнон хаххы цур, цæмæй мæхи цæстæй федтаин уæвæг уавæр» – фыссы Лайчак «Твиттеры».
ЕÆÆО-ы архайæг сæрдар Гуырдзыстонмæ официалон визитæй знон фæуазæг.
Дыууæбонон визиты фæлгæтты, Мирослав Лачак фембæлдтæ сараздзæн Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвилиимæ, премьер-министр Мамука Бахтадзеимæ, парламенты сæрдар Ираклий Къобахидзеимæ, фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалианимæ æмæ фидыды æмæ æмбæстагон æмсæрады фарстаты паддзахадон министр Кетеван Цихелашвилимæ.