Дзюдо| Тато Григалашвили Дунейы чемпион фæдфæдыл дыккæгæм хатт ссис#1TVSPORT
Дохайы цæугæ Дунейы фыццагадыл дзюдойæ гуырдзиаг Тато Григалашвили (73кг) сыгъзæрин майдан рамбылдта. Архайæг Дунейы чемпион принципон æндæогъы, бельгийаг Матиас Касейы, вазарийæ абырста æмæ планетæйы хуыздæр дзюдоисты титул фæд-фæдыл дыккæгæм хатт рамбылдта.
Банысанкæнинаг у уый цæмæй Тато фароны Дунейы Чемпионаты финалы дæр бельгиагæн рамбылдта. 2021 азы Будапешты Дунейы фыццагадыл та фæнысангонд æндæогъты ерысы фæуæлахиз ис Матиас Касе.
Бакой уын кæндзыстæм, цæмæй Дохайы цæугæ ерысыл Гуырдзыстоны æмбырдгондæн ныры онг , нырма æрмæст иу майдан уыд. Ерысы фыццаг бон 19 аздзыд Гиорги Сардалашвили (60кг) бронзæ майдан рамбылдта.
Райсом Дунейы Чемпионатыл майдантæ рамбулынæн дыууæ гуырдзиаг дзюдоист – Лаша Бекаури æмæ Лука Маисурадзе (дыууæдæр 90 кг) рацæудзысты.