Джуаншер Бурчъуладзе  хайад райста Украинайы хъахъхъæнынады контактон къорды фембæлды
Джуаншер Бурчъуладзе хайад райста Украинайы хъахъхъæнынады контактон къорды фембæлды

Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады  министр Джуаншер Бурчъуладзе  Украинайы  хъахъхæнынады  контактон  къорды  фембæлды райста хайад.

Контактон  къорды радæй 14-æм фембæлдæн сфысым кодта  АИШ-ы  хъахъхъæнынады нымæрдар  Ллойд Остин.

Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министрады информацийæ, фембæлдыл  дзырдæй  ралæууыдысты  НАТО-йы  генералон   нымæрдар   Йенс Столтенберг, Евроцæдисы  фæсарæн хъуыддæгты  æмæ æдасдзинады  политикæйы  бæрзонддæр   минæвар, еврокомиссийы  вице-президент  Жозеп Борел  æмæ Автсралийы  вице-премьер Ричард  Марлс.

Уагдоны  хъусинагæй,  Украинайы   фарсхæцæг  æхсæнадæмон   къорды  уæнгтæ  Украинайы  Уæрæсейы   агрессийы   фæстиуæгæн   сырæзт уавæр æмæ цæугæ  хæсты  Украинайæн   координацигонд æфсæддон æххуысы  хъæуындзинæдтæ  афæлгæстой.  Фарсхæцæг бæстæты  хъахъхъæнынады министртæ æмæ  хъахъхъæнынады  тыхты   сæрдæрттæ   Украинайы  цыбырæмгъуыдон æмæ  дæргъвæтин хъæуындзинæдтыл  фæуынаффæ кодтой.

Украинайы  контактон къорд, Америкæйы Иугонд Штатты  инцииативæйæ  2022 азы  апрелы   сырæзт æмæ Украинайы   фарсхæцæг   50-йæ фылдæр   бæстæ иу кæны.