Джон Маккейн  Дональд Трампы  скритикæ кодта  Путинæн кæй  раарфæ кодта уый тыххæй
Джон Маккейн Дональд Трампы скритикæ кодта Путинæн кæй раарфæ кодта уый тыххæй

Джон Маккейн  Дональд Трампы  скритикæ кодта  Путинæн кæй  раарфæ кодта уый тыххæй.

Аризонайаг сенаторы  веб-фарсыл   публикацигонд   фидиуæны мидæг, Путины  кой цæуы куыд диктаторы  афтæ.

«АИШ-ыпрезидент  сæрибар дунейы  лидермæ  куыд æмбæлы  афтæ  нæ  дары йæхи,  диктатортæн  мæнг æвзæрстыты уæлахиздзинад куы арфæ  кæны уæд» –  дзырдæуы Маккейны  фидиуæны.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,  Путинæн арфæйæ  Трамп,  «Бафхæрдта  Уæрæсейы  алы мæбстагы,  кæцытæн  нæзагъд скодтой сæрибар  æмæ   рæстаг æвзæрстыты   хайад райстыл  æмæ сæрмагонд  бæстæйы фидæны  свзарыны хъуыддаджы».

Дональд  Трамп, Владимир Путинимæ телефонæй  знон  фæныхас кодта. Кремлы хъусинагæй  АИШ-ы  лидер  Путинæн  æвзæрстыты  уæлахиздзинад раарфæ кодта.

Лидертæ  афтæдæр  æркастысты  Сирийы, Украиæйы æмæ Цæгат Кореяйы  фарстытæ.