Джон Болтон - Æддæйæ уæлæндæвд фæкарддæр кæнынæн, Сомихыстонæн бахъæудзæн Уæлхох Къарабахы конфликты аскуыддзаг кæнын
Æддæйæ уæлæндæвд фæкарддæр кæнынæн, Сомихыстонæн бахъæудзæн Уæлхох Къарабахы конфликты аскуыддзаг кæнын – уый фæдыл Ереванмæ визиты рæстæджы райхъусын кодта националон æдасдзинады фарстаты АИШ-ы президенты уынаффæгæнæг Джон Болтон.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, паддзахадæн зæгъгæ нысаниуæгджын у, уа йын егъау фæрæзтæ æхсæнадæмон аренæйыл æмæ ма хъуамæ æхгæд историон шаблонты мидæг.
«Кæд Никол Пашинян æмæ йæ политикон парти æвзæрстыт фæстæ райсдзысты фидар мандат, уæд срегулиркæнын æрдæм хъæддых къахдзæфтæ саразынæн уыдзæн иттæг хорз фадат» – банысан кодта Джон Болтон.
АИШ-ы президенты уынаффæгæнæг афтæдæр райхъусын кодта, цæмæй зæгъгæ Сомихыстон æмæ Азербайджан, хæцæнгарз Уæрæсейæ кæй æлхæнынц, уымæй Мæскуыйæн дыууæ дæр фарсыл æндæвдады уæлæмхас фадæттæ дæтты æмæ конфликты аскуыддзагæн та тынг æвзæр фактор у.