Джо Байдены фидиуæнæй, хъæуы  хæст кæрон скæнын, цалынмæ  НАТО йæ рæнхъытæм Украинайы райсын æркæсдзæн уæдмæ
Джо Байдены фидиуæнæй, хъæуы хæст кæрон скæнын, цалынмæ НАТО йæ рæнхъытæм Украинайы райсын æркæсдзæн уæдмæ

Америкæйы президент Джо байдены  фидиуæнæй,  Украина нырма нæу цæттæ   НАТО-ы  уæнгсуæвынмæ. Афтæма йæ  дзырдæй,    зæгъгæ  хъæуы  хæст кæрон скæнын, цалынмæ альянс йæ рæнхъытæм  Украинайы  райсын  æркæсдзæн   уæдмæ.

Фæнысангонды  фæдыл  байден «CNN»-мæ интервьюйы   райхъусын кодта.

«Не нхъæлын, цæмæй НАТО-йы  ис   æмуддзинад  уый фæдыл, бахиза æви нæ Украина НАТО-йы бинонтæм ацы моменты,  тæккæ  хæсты рæстæджы» банысан кодта Байден.

АИШ-ы президенты дзырдæй, зæгъгæ   уый  Володимир Зеленскиимæ  лæмбынæг фæныхас кодта  Украинайæн  фарсхæцыны фарстайыл æмæ банысан кодта,ц æмæй  АИШ адарддæр кæндзæн Украинайы æдасдзинады æмæ хæцæнгарзæй  ифтонг кæнын  Уæрæсеимæ  хæст   кæрон скæнынæн, нæкæсгæ уымæ, цæмæй НАТО-йы  Украинайы уæнгдзинадыл уынаффæ æгæр раджы уыд.

Уыимæ Байден  Украинайæн  касетон  хæстæрмæгы алæвæрды фарстайыл райхъусын кодта, цæмæй   уæззау  уынаффæ уыд, фæлæ уырнæг у, цæмæй уый  Украинайæн   æнæмæнгхъæугæ у, уымæн æмæ  бæстæйæн  фæцис  хæстæрмæг.

Бакой уын кæндзыстæм, 7 июлы Урс Хæдзары фехъусын кодтой, цæмæй АИШ Украинайæн  касетон хæстæрмæг  адæтдзæн.