Джо Байден – Израил æмæ «Хамасы» æхсæн хæст паузæ скæнын хъæуы, цæмæй бантысауацайрæгты ссæрибар кæнын
АИШ-ы президент Джо Байден хъусын кæны, цæмæй Израилы æмæ «Хамасы» æхсæн хæст фæуромын хъæуы, цæмæй æрцæуа уацайрæгты ссæрибар кæнын. Уый фæдыл Байден Минесотайы рахъусын кодта. Уый мадзалыл аудиторийы уæвæг сылгоймагæн сдзуапп кодта, кæцы АИШ-ы президентмæ баздæхт, æркура Израилæй æмæ «Хамасæй» æхст фæуромын.
«Хъуыды кæнын, хъæуы нæ паузæ. Паузæ ныан кæны, цæмæй рæстæг раттæм уацайрæгты ракæнынæн» – банысан кодта Байден.
Фæстæдæр Урс Хæдзар бамбарын кодта, цæмæй президент йæ хъуыдыйы дартта гуманитарон æххуыс æмæ 240 уацайрагы ссæрибар кæнын, кæцытæ «Хамасы» уацары сты.
Байден афтæдæр абнысан кодта, цæмæй уавæр «нæуырнинагæй карз у» куыд израилæгтæн, афтæ пысылмонон дунейæн.
«Æз сразы дæн дыууæ паддзахады принципыл æнцойæ рацæуæн бацагуырдимæ. Хъуыддаг уый мидæг ис, ома «Хамас» у террористон организаци» – банысан кодта АИШ-ы президент.