Джо Байден – Израил æмæ «Хамасы» æхсæн  хæст паузæ скæнын хъæуы, цæмæй бантысауацайрæгты ссæрибар кæнын
Джо Байден – Израил æмæ «Хамасы» æхсæн хæст паузæ скæнын хъæуы, цæмæй бантысауацайрæгты ссæрибар кæнын

АИШ-ы президент Джо Байден  хъусын кæны, цæмæй Израилы æмæ «Хамасы» æхсæн  хæст  фæуромын хъæуы, цæмæй  æрцæуа  уацайрæгты ссæрибар кæнын. Уый  фæдыл Байден   Минесотайы  рахъусын кодта.  Уый мадзалыл   аудиторийы  уæвæг  сылгоймагæн  сдзуапп кодта, кæцы АИШ-ы президентмæ баздæхт, æркура  Израилæй æмæ «Хамасæй» æхст фæуромын.

«Хъуыды кæнын, хъæуы нæ  паузæ.  Паузæ  ныан кæны, цæмæй   рæстæг раттæм уацайрæгты  ракæнынæн» –  банысан кодта Байден.

Фæстæдæр  Урс Хæдзар бамбарын кодта, цæмæй  президент   йæ  хъуыдыйы дартта  гуманитарон  æххуыс æмæ 240   уацайрагы  ссæрибар кæнын, кæцытæ  «Хамасы» уацары сты.

Байден афтæдæр абнысан кодта, цæмæй  уавæр   «нæуырнинагæй карз у»  куыд  израилæгтæн, афтæ   пысылмонон  дунейæн.

«Æз  сразы дæн дыууæ  паддзахады принципыл æнцойæ  рацæуæн бацагуырдимæ.  Хъуыддаг уый мидæг ис, ома «Хамас» у террористон организаци» – банысан кодта АИШ-ы  президент.