Беньямин Нетаньяху хъусын кæны, цæмæй Израилы хъахъхъæнынады тыхтæ Хезболлайы базæйы ссардтой фæстаг уырыссаг хæцæнгæрзтæ
Израилы премьер-министр Биньямин Нетаньяху хъусын кæны, цæмæй Израилы хъахъхъæнынады тыхтæ «Хезболлайы» базæйы фæстаг уырыссаг хæцæнгæрзтæ ссардтой.
Францаг газет Le Figaro-имæ интервьюйы Нетаньяху банысан кодта, зæгъгæ, ИНО-йы Æдасдзинады советы 2006 азы резолюцимæ гæсгæ, бæстæйы сæйраг цæугæдон Литанæй хуссарæрдæм æрмæстдæр Ливаны æфсадæн йæ бон уыд хæцæнгæрзтæ дарын.
«Фæлæ «Хезболла» ацы районы скъахта сæдæгай туннелтæ æмæ æмбæхсæнтæ, цыран æрæджы ссардтам уæрæсейаг фæстаг хæцæнгæрзтæ». Ливаны ног мидхæст уыдзæн трагеди. Уый нæ нысан нæу. Израилы фæнд нæй Ливаны мидхъуыддæгты бахъыгдарын. Нæ иунæг нысан у, нæ æмбæстæгтæн, кæцытæ цæрынц Ливаны арæнмæ хæстæг, фадат раттæм сæ хæдзæрттæм æрыздæхын æмæ сæхи æдасæй æнкъарой», – расидтис Нетаньяху.