Джо Байден -  Фидар кæнæм санкцитæ Уæрæсейы элитайæн, сæ бинонтæн, уыдон исынц кремлы политикæйæ коррупцион пайда æмæ афтæдæр  рахатдзысты рыст
Джо Байден - Фидар кæнæм санкцитæ Уæрæсейы элитайæн, сæ бинонтæн, уыдон исынц кремлы политикæйæ коррупцион пайда æмæ афтæдæр рахатдзысты рыст

Уæрæсейы æрдгæй  сепаратистон регионты банымад Украинамæ Уæрæсейы  лæбурды  райдайæн у, –  уый фæдыл  АИШ-ы президент  Джо Байден, цъус рæстæг размæ   брифингыл райхъусын кодта.

Байдены дзырдæй, Путины  ацы  къахдзæф, æхсæнадæмон нормæты гуырымыхъхъ хæлд у. Уыимæ ма Джо Байден Уæрæсейы ныхмæ  санкцитыл дæр фæныхас кодта.

«Уæрæсейы æрдгæй  сепаратистон регионты банымад Украинамæ Уæрæсейы  лæбурды  райдайæн у.  Цы дæтты  Путинæн уый бар, цæмæй  сыхаг бæстæты территоритæ а.х.  бæстæтыл банымайа? Уый у  æхсæнадæмон  нормæты гуырымыхъхъ саст. Мах фидар кæнæм цыппар блокировкæгæнæг  санкци  Уæрæсейы  дыууæ финансон   институтæн, паддзахадон  рæзынады  корпорацийæн  æмæ æфсæддон лагерæн. Фидар кæнæм  æппæтылæххæссæг санкцитæ  Уæрæсейы суверенон хæсыл, кæцы уый нысан кæны, цæмæй   баурæдтам, Уæрæсейы  хицауады  ныгуылæнæй  финансдзинад.  Уымæн нал уыдзæн йæ бон  ныгуылæнæй  æхца исын  æмæ нал уыдзæн йæ бон æддагон хæсæй  базар кæнын  махмæ кæнæ европаг базарыл. Райсомæй райдайгæ,  фидар кæнæм санкцитæ Уæрæсейы элитайы  æмæ сæ бинонты ныхмæ. Уыдонмæ æфты  сты  Кремлы политикæйы коррупцион   пайда  æмæ афтæдæр  хъуамæ  бавзарой  рыст уый тыххæй.  Уæрæсейы  архæйдтыты тыххæй,   бакуыстам  Германиимæ цæмæй  сæ бауырнын кодтаиккам,  ома Цæгат Къада, куыд  уын дзырдтам афтæ,  нал  адарддæр уыдзæн», – райхъусын кодта  Джо Байден.