Джо Байден – цæмæй Дональд Трамп овалон кабинетмæ ма баввахс уа, ис æрмæст иу фæндаг – æвзарæнон асыккы цур
АИШ-ы президент Джо Байден АИШ-ы раздæры президент Дональд Трампы тыххæй тугтæрхоны барады хъуыддагыл æрдхорд тæръонгæнджыты уынаффæйы кой кæны социалон хызæгты.
«Дональд Трамп овалон кабинетмæ цæмæй хæстæг ма бацæуа, æрмст иу фæндаг ис, æвзарæнон асыккы цур» фыссы Байден социалон хызæгты.
Йæхæдæг Дональд Трамп æрдхорд тæрхонгæнджыты вердикт «худинаггагæй» æмæ «фæмæнггондæй» схуыдта æмæ тæрхоны залæй рацыды фæстæ райхъусын кодта, цæмæй хъуыддагыл уæлæндæвд скодта Байдены админстраци. «æцæг вердикты адæмы 5 ноябры рахæсдзысты», – банысан кодта Трамп.