Джо Байден – АИШ Украинайæн уый йас æххуыс кæндзæн, цас дæр æй хъæудзæн Украинайы
Джо Байден – АИШ Украинайæн уый йас æххуыс кæндзæн, цас дæр æй хъæудзæн Украинайы

АИШ-æ  æххуыс кæндзæн   Украинайæн   уый  йас рæстæджы дæргъы,   цас дæр бахъæудзæн, –  уый фæдыл  АИШ-ы   президент  Джо Байден  «Сибиэсимæ» интервьюйы   райхъусын кодта.

АИШ-ы  президенты  дзырдæй,   Украинайы  хæстмæ  америкаг   æфсæддæттæ нæ  баиу уыдзысты, фæлæ   Украинайæ хъауджы,  Китайы  бырсты  цауы,  АИШ-ы  æфсæддон  тыхтæ  хæцдзысты  Тайван бахъахъхъæнынæн.

«Украина, уыцы  нысаниуæгджын  æххуысы фæрцы, кæцы сæм ис  махæй æмæ нæ æмцæдисонтæй,    нæуырнинаг  æхсардзинадæ æмæ  украинаг   адæмы  нæуырнинаг бархъомысæй,   хæсты нæ сæтты  æмæ  бæрæг  сферæты йын  ис æнтыстытæ.  Украинайы   хæсты фæуæлахиз уын  у  Украинайæ  Уæрæсейы  æххæстæй  феддæдуар кæнын æмæ   суверенитеты  банымад.  Уыдон  ныхкъуырд кæнынц  Уæрæсейы.   Уæрæм нæ уыдис  ахæм   компетентон   æмæ  амалхъом,  бирæтæ  куы æнхъæлдтой,  афтæ. Фæлæ  хæсты фæуæлахиз –  знаггад  кæцы хæстæй  цæуы,  æмбæстæгтæ æмæ   хуымæтæг æнæаххос адæймæгтæ   скъуыйинц,  тынг зын  у  уый   банымайын  уæлахиздзинадæй.  Уæрæсе цы тæ ракодта, уыдон сты  хъæддагдзинад. Йæ  бырстытæ  алыæрдæм дæр, æмбæстагон рынчындæттæй, карджынты  хæрдзæтты онг, уыцы  сыхтæм,   цы ран цæрынц  хуымæтæг æмбæстæгтæ», –   банысан кодта Джо Байден.