Джилиан Стирк - фондз хицæн уацхæссæг дæр, кæцытæм дарттам цæст, политикон æмæ бизнес интерестæн лæггад кодтой, архайдтой партион интерестæм гæсгæйæ
OSCE/ODIHR сæххæст кодта медийы мониторинг æмæ рабæрæг кодта плюралистон медиа-æрдз, фæлæ уæддæр уыд поляризацигонд медиа-æрдз кæцы политикон, бизнес интерестæн лæггад кодта æмæ фондз хицæн уацхæссæг дæр, партион нысанæй архайдтой – уый фæдыл OSCE-ы демокративон институтты æмæ адæймаджы барты офисы (OSCE/ODIHR) арæнгонд æвзарæнон цæстдарæгон миссий ы къухдариуæггæнæг Джилиан Стирк райхъусын кодта.
Афтæма æвзарæнон кампанийы срухс кæныны тыххæй, уый загъта, цæмæй нæ уыд политикæйы фæдыл дискусси æмæ аналитиконæй нæ рухс кодтой уавæр, цæй тыххæй дæр, æмбæстæгтæм нæ уыд фадат, информиргондæй сарызтаиккой сæрмагонд æвзæрст.
«Нæ мисси уыд арæнгондл æвзарæнон-цæстдарæгон мисси. Æз дæн йæ къухдариуæггæнæг æмæ нырид мæйййæ фылдæр у бæстæйы стæм, кæцыйы фæрцы нын уыд фадат , цæст бадарын разæвзарæнон периодмæ, афтæма закондæттæн фæлгæт æмæ кандидатты регистрацимæ, афтæма йæхæдæг кампанийы сæххæстмæ æмæ уымæ, цæмæй куыд цыдис æвзæрстытæм цæттæдзинад. Системон мониторинг кодтам æмæ нæ цæст дарттам авд сæйраг уацхæссæгмæ, фондз хицæн æмæ дыууæ та Æхсæнадонмæ. Мониторингы бындурыл нæ бон зæгъын у, цæмæй техникон аспекттæ эффективонæй цыдысты æххæст. ЦÆК йæ зæрдыл бадардта æмæ бахъахъъхæдта барадон æмгъуыдтæ, фæлæ бирæ нысаниуæгджын фарста нæ кастæуыд уыцы æргом регулярон сесситыл, кæцыты арызта Цæк. Хицаугæнæг парти æцæгæдæр доминантæй уыд æвзарæнон администрацийы æмæ уый та æппæрццаг фæзындис адæймæгты тæлмæныл æвзæрстыты хæдбарады æрдгæй» – райхзуъсын кодта Джилиан Стирк.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, парламентон æвзæрстытыл хъуыды равдысты сæрибардзинад уыд хъахъхъæд.
«Уыдис нын фембæлдтæ политикон партитимæ, æмбæстагон дзыллæйы минæвæрттимæ, масмедиимæ æмæ бирæ аххосæгтæ фехуъсытам уый тыххæй, цæмæй æнхъæлцау цыдис æвзæрстгæнджытыл æлхъывд. Афтæма нæ цæст бадардтам æвзæрстытæм цалдæр фадыгыл æмæ нæ парламентон партнертау, фæфиппайдтам, цæмæй координатортæ, партийы минæвæрттæ æмæ активисттæ лæууыдысты æддæйæ, кæцы æвзæрын кодта тасæфтауæг эффект. Афтæдæр уыд аххосæгтæ уый фæдыл, цæмæй дырысæй дих нæ цыдис , паддзахад æмæ парти. Æцæгдæр хъыгаг у, цæмæй ацы элементтæ уыдис. Уæддæр хъуамæ банысан уа, цæмæй сæйраг сæрибардзинæдтæ, хъуыды равдысты сæрибардзинад æмтгæй зæгъгæйæ уыд хъахъхъæд.
Медийы тыххæй куы зæгъæм уæд, ODIHR сæххæст кодта уацхæссæг медийы мониторинг æмæ рабæрæг кодта плюралистон медиа-æрдз, фæлæ уæддæр уыд поляризацигонд медиа-æрдз кæцы политикон, бизнес интерестæн лæггад кодта æмæ фондз хицæн уацхæссæг дæр, партион нысанæй архайдто. Афтæма, æвзарæнон кампанийы рухс кæнын рæстæджы, нæ уыдис политикæйы фæдыл дискусси æмæ аналитиконæй нæ рухс кодтой уавæр, цæй тыххæй дæр, æмбæстæгтæм нæ уыд фадат, информиргондæй сарызтаиккой сæрмагонд æвзæрст.
Фæнды мæ дзуапп раттон уыцы ныхæстæн, кæцытæ загъдæуыд æххуысы фæдыл. Æцæгдæр сæххæст ис кусæн ситуаци фæхузыдæр кæнынæн, афтæма хъуамæ банысан уа закондæттæн фæлгæты фæхузыдæр, инклюзивон консультацион процесс, бирæ ивддзинад дæр уыд рагхыгъд æмæ ист. Иурæстæгонæй, нæ фембæлдтыл уыцы баст фарсытæ равдыстой хъыгдзинад æмæ зæрдæхсайд æвзарæнон администрацийы æххæст кæнын æмæ сæххæсты цæстæнгасæй, афтæма уый æххæссыд кампани æмæ кампанийы финансдзинады фарстæтæм. Уый у иуæй-иу сæйраг амынд нæ фидиуæны, цæмæй ацы сферæйы бирæ куыст æцæгдæр сыххæст æмæ дзы цы æхуыздæр уыдон ффæбæрæг тсы, фæлæ нырма ноджы бирæ цыдæр саразын хъæуы. Æмæ кæддæриддæр ODIHR цæттæ у, æркуырды цауы уын баххуыс уа» – райхъусын кодта Джилиан Стирк.