Джеймс Аппатурайи – Гуырдзыстоны хицауады æнтыст тынг дзæбæх фæстиуæг æрхаста, уый уыд фидар прогресс, Гуырдзыстон НАТО-йæ сеппæтæй активон партнер у
НАТО-Гуырдзыстоны архайадон æмгуыстады тыххæй, ныр сæйраг у ацы æмгуыстады уæвæг параметртæй размæрахæцын. Уый амонын мæ ивæгæн æмæ мæхæдæг дæр сараздзынæн афтæ ног позицийыл, – уый фæдыл Хуссар Кавказ æмæ Централон Азийы НАТО-ы генералон нымæрдары специалон минæвар Джеймс Аппатурайи Гуырдзыстоны Фыццаг Каналимæ эксклюзивон интервьюйы райхъусын кодта.
Афтæма йæ аргълæвæрдæй, Гуырдзыстоны хицауады æнтыст дзæбæх фæстиуæг æрхаста, кæцы æнæцудгæ прогрессæй фæбæрæг ис. Джеймс Аппатурайи банысан кодта, цæмæй Гуырдзыстон НАТО-ы сеппæтæй активон партнер у.
«Мæхи æнкъардтон куыд НАТО-йы специалон минæвар Хуссар Кавказы, фæлæ афтæдæр нымадтон мæхи НАТО-ы специалон минæварæй Гуырдзыстоны, цæмæй бæлвырд базыдтаин уый æмæ Гуырдзыстон НАТО-ы бонвæткы приоритетон у æмæ дзы ис лæмбынæг æмгуыстад, кæцы нæ иу кæны. Ныр сæйраг у ацы æмгуыстады уæвæг параметртæй размæрахæцын. Уый амонын мæ ивæгæн æмæ мæхæдæг дæр сараздзынæн афтæ ног позицийыл. Уырны мæ Гуырдзыстоны хицауады æнтыст дзæбæх фæстиуæг æрхаста. Уый уыдис фидар æлхъывд, фидар прогресс. Гуырдзыстон НАТО-йæн у сеппæтæй активон партнер. Афтæмæй Гуырдзыстоны хицауад нæ бауагъдта уый, цæмæй Гуырдзыстон НАТО-ы бонвæткы фæдæлæмæ уыдаит, фæлæ уый арызта политиконæй æмбаргæ амæлттæй, кæцы уый нысан кæны, цæмæй уæлдай нæ арызтой æнæдæр дипломатийы æмæ дзы уæлдайджын æлхъывд дæр нæ уыд се рдгæй. Афтæ хъуамæ адарддæр кæной, стартегион быхсындзинадæй æмæ рацæуой размæ, уый у раст фæндаг», – хъусын кæны Джеймс Аппатураийы Гуырдзыстоны Фыццаг Каналимæ эксклюзивон интервьюйы.