Джеймс Аппатурайи – Фæнды нæ Гуырдзыстоны фенæм, каддæр поляризацигонд  политикон уавæр, фенæм, цæмæй  хицауад æмæ оппозици иумæ кусынц
Джеймс Аппатурайи – Фæнды нæ Гуырдзыстоны фенæм, каддæр поляризацигонд политикон уавæр, фенæм, цæмæй хицауад æмæ оппозици иумæ кусынц

НАТО-ы  фæнд фенын, Гуырдзыстоны реформæты  адарддæр кæнын, фæнды нæ  фенæм къаддæр  поляризацигонд   политикон  уавæр.  Фæнды нæ  фенын, цæмæй  хицауад  æмæ  оппозици иумæ кусынц, цæмæй  уынаффæтæ  хаст цæуынц политикон быцæудзинадæй цух,  –  уый фæдыл НАТО-ы  генералон нымæрдары  æххуысгæнæджы  хæдивæг Джеймс Аппатурайи  парламенты  ацæугæ  фембæлды фæстæ  райхъусын кодта.

Аппатурайи дзырдæй,   НАТО-ы  уæнг  паддзахадтæн  бæрæг у, цæмæй Гуырдзыстоны цæрджыты  стыр хай  разы  у  Гуырдзыстоны  НАТО-йы  уæнгсуæвынимæ.

«Ай уæрæх æвдыст у   политикон  системæйы дæр.  Парламенты  фехъустон,  цæмæй  Гуырдзыстоны  НАТО-ы  уæнгсуæвынæн  бирæпартион   фарсхæцын ис, кæцы тынг æхсызгон у, уый  фыст у конституцийы дæр.  Алы уынаффæ  ацы  æрдгæй  нысаниуæгджын у.  НАТО-ы  афтæдæр фæнды, Гуырдзыстоны реформæты  адарддæр кæнын, фæнды нæ  фенæм къаддæр  поляризацигонд   политикон  уавæр. Фæнды нæ  фенын, цæмæй  хицауад  æмæ  оппозици иумæ кусынц, цæмæй  уынаффæтæ  хаст цæуынц политикон быцæудзинадæй цух. Тынг поляризацигонд у  уавæр  ам, Гуырдзыстоны, æмæ  НАТО-ы  уæнг бæстæтæ уый тыххæй тынг архæсгай сты.  НАТО, куыд организаци нæ исы  хайад санкциты.  Бæрæг у, цæмæй  Гуырдзыстон у  вазыгджын географион  æмæ æдасдзинады  æрдгæй уавæры.  Уыимæ НАТО-ы уæнг бæстæты  лидерты фæнды фенын, цæмæй  æмхъуыдыджын бæстæтæ  максимум аразынц  Украинайæн фарсхæцынæн  æмæ Уæрæсейыл  æлхъывд  стынг кæнынæн», –  райхъусын кодта Аппатурайи.