Йенс Столтенберг -  НАТО æнхъæлмæ кæсы,  ома Гуырдзыстон хъахъхъæндзæн демократон стандарттæ, кæцытыл фæстаг азты  стыр куыст сыххæст кодта
Йенс Столтенберг - НАТО æнхъæлмæ кæсы, ома Гуырдзыстон хъахъхъæндзæн демократон стандарттæ, кæцытыл фæстаг азты стыр куыст сыххæст кодта

НАТО æнхъæлмæ кæсы,  ома Гуырдзыстон хъахъхъæндзæн демократон стандарттæ, кæцытыл фæстаг азты  стыр куыст сыххæст кодта – уый фæдыл  НАТО-ы генералон  нымæрдар Йенс Столтенберг, Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвилиимæ  фембæлды фæстæ   загъта  брифингы рæстæджы.

Йенс СТОлтенберг  куыд банысан кодта  афтæмæй,   фембæлдыл  ныхас уыд   мид-реформæтыл  æмæ афæдзон национ  программæйы  имплементацийы  фарстатыл.

«Скуыддзаггæнæг у уый, æмæ   расттæрхоны  системæйы  реформæйыл, мседийы сæрибардзинадыл æмæ æдасдзинады  секторы  бæрнондзинадыл куыст хъуамæ адарддæр уа.  Афтæдæр уæ курæг стæм,  бакусат оппозициимæ, цæмæй  аскуыддзаг кæнат  политикон æнæразыдзинад, фæкаддæр кæнат поляризацимæ цæуæг    риторикæ æмæ  архæйдтæ.  НАТО æнхъæлмæ кæсы  цæмæй  Гуырдзыстоны хъахъхъæндзæн демократон стандарттæ, кæцыты фæстаг азты дæргъы бирæ  куыста» –  райхъусын кодта Йенс Столтенберг.