Дыууæ ахуыргæнинагы марындзнады тыххæй, премьер-министр Гиорги Квирикашвили фидиуæн аразы
Тбилисы дыууæ ахуыргæнинагы марындзнады тыххæй, премьер-министр Гиорги Квирикашвили фидиуæн парахат кæны.
«Тынг зæрдæрыст дæн знон Тбилисы æрцæугæ æбуалгъ трагедийы тыххæй, кæцыйы фæстиуæгæн дыууæ æвзонгы цæрæнбонтæ аскуыд. Тæфæрфæс кæнын сæ бинонтæн, хæстæджытæн æмæ хæлæрттæн. Ай у иумæйаг трагеди, кæцы нын ноджы иу хатт бакой кодта уый фæдыл, цмæй куыд æрхæццæ стæм ацы уавæрмæ, цæмæ нæ фæсивæд нæ хъæбултæ афтæ дурзæрдæйæ марынц кæрæдзийы. Алчи, иумæ, æппæт дзыллæ хъуамæ баиу уæм цæмæй сабыр æмæ æнæниз уавæр æрфидар кæнæм æмæ гарантиргонд уа алкæмæндæр фыццаджы дæр та, нæ фæсивæдæн. Ацы æрдæм раздзогы ролы хъуамæ сххæст кæна ахуырады системæйы алыварс нæ консолидаци, цæмæй проблемæйы растæй индетификаци скæнæм æмæ æмбæлон мадзæлттæ райсæм. Ай у цыцы темæ, кæцыйæн нæ ацы кæнæн иннæ фарс!
Ацы уæззау минутты мæ фæнды ныфс разæгъон, цæмæй нæ иумæйаг тыхтæй алцыппæт сараздзыстæм уый тыххæй цæмæй ахæм трагедий мауалд сфæлхатт уа!»- сиды премьер-министр.