Дуниа Миятович - активистты æмæ  журналисттыл тыхмидзинад у  уыцы фæлхатгæ  тасы æбуалгъ иллюстраци, кæцыты раз лæууынц  лгбт уæнгтæ Гуырдзыстоны
Дуниа Миятович - активистты æмæ журналисттыл тыхмидзинад у уыцы фæлхатгæ тасы æбуалгъ иллюстраци, кæцыты раз лæууынц лгбт уæнгтæ Гуырдзыстоны

«Тбилиси прайды» активистты æмæ  журналисттыл тыхмидзинад у  уыцы фæлхатгæ  тасы æбуалгъ иллюстраци, кæцыты рал Гуырдзыстоны лæууынц  лгбт уæнгтæ – уый фæдыл  Европæйы советы  адæймаджы барты  комиссар  Дуниа Миятович  фыссы «Тфиттеры» фарсыл.

Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ,  хицауад хæсджын у, адæймаджы бартæ бахъахъхъæнын,  демонстрантты æмæ  журналистты  æдасдзинад срвдз кæнын,  æмæ   бырсджыты дзуаппмæ раттын.

«Тбилиси прайдыл» активисттыл æмæ  журналисттыл  сыххæст тыхмидзинад  у уыцы фæлхатгæ  тасы æбуалгъ иллюстраци, кæцыты рал Гуырдзыстоны лæууынц  лгбт уæнгтæ.

Хицауадмæ ис хæсист,  цæмæй  сифтонг кæна сæрибар æмбырды  æмæ  дзырды сæрибардзинад, афтæма  сифтонг кæна  демонстрантты  æмæ  журналистты æдасдзинад, бафхæра  бырсджыты» – фыссы Европæйы Советы  адæмаджы барты  комиссар  Дуниа Миятович.

Руставелийы  проспекты æмæ йæ алфæмбылæтты «Тбилиси прайды»  ныхмæлæуджытæ, журналистты  æмæ   операторты æрдæм  агшрессивон  митæ сыххæст кодтой, кæцыйы фæстиуæгæн  зиæнттæ райстой  æндæр æмæ æндæр медиафæрæзты  минæвæрттæ, сæ нымæцы Æхсæнадон Уацхæссæджы оператор Илиа Твалиашвили.