Шалва Папуашвили Европæйы Советы генералон нымæрдары хæдивæгимæ фембæлдис
Шалва Папуашвили Европæйы Советы генералон нымæрдары хæдивæгимæ фембæлдис

Парламенты сæрдар Шалва Папуашвили фембæлдис Европæйы Советы генералон нымæрдары  хæдивæг  Бьорн  Бергеимæ.

Парламенты пресскуысты информацийæ, Шалва Папуашвили  зæрдæрухсдзинад равдыста  Европæйы Советæй, æндæр æмæ æндæр æрдгæй  Гуырдзыстонæн азты дæргъы  фарсдарыны  тыххæй.

«Уый йæ хъусдард раздæхта  Европæйы Советы генералон нымæрадры фæстаг  консолидацигонд  хыгъдлæвæрдмæ, кæцы фыццаг хатт банымадта Гуырдзыстоны регионты оккупаци  терминæй  «оккупацион хахх»-æй  спайдайæ.  Парламенты сæрдар, афтæдæр  афæлгæста Гуырдзыстоны  прогресс Евроцæдисы  рекомендациты сыххæсты æрдгæй.

Бьорн Берге бахахх кодта  Европæйы Советы æмæ Гуырдзыстоны æхсæн  фæстиуæгджын   æмгуыстад.  Уый æвæрццаг аргъ скодта  Европæйы Советы министрты  комитеты  Гуырдзыстоны  сæрдариуæгæн, кæцыйы фæстиуæгæн боны фæткы  приоритетон фарстатйæ  сбæрæг ис  адæймаджы бартæ æмæ æрдзы хъахъхъæд.

Бьорн Берге фæныхас кодта Гуырдзыстоны Европæйы Советы цыппæрæм, 2024-2027 азты арайадон планы  сфидар кæныныл, кæцыйы фæрцы  Европæйы Совет  максимум сараздзæн  Гуырдзыстоны  Европаг интеграци баахъаз кæнынæн.

Уый ма афтæдæр сбæлвырд кодта  Гуырдыстоны суверетнитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн  Европаг Советы хъæддыг фарсдарын», – банысангонд у  парламенты пресс-куысты  информацийы.