Дунейы экономикон форумы туризмы рейтингы Гуырдзыстон 44-æм бынатыл ис
Дунейы Экономикон Форум (WEF) публикаци скодта хыгъдлæвæрд, сæргондæй, «балцы æмæ туризмы райрæзты индекс 2021» (Travel & Tourism Development Index 2021).
Туризмы националон администрацийы информацийæ, рейтингы æндæр æмæ æндæр бæстæйы туризмы райрæзты темпты аргълæвæрдтæ ис. Гуырдзыстоны рейтингы дунейы сегасдæр хуыздæр 50 бæстæйы æхсæн ис.
«Хыгъдлæвæрды бавдыст у 117 бæстæйы рейтинг, кæцыйы Гуырдзыстон ахсы 44-æм бынат. 2019 азы рейтингы Travel & Tourism Development Index-ы Гуырдзыстон уыдис 68 бынатыл. Фæнысангонд фæстиуæгæй, Гуырдзыстон сеппæтæй хуыздæр у йæ сыхы, йæ фæстæ фæуагъдта Сомихыстон, Азербайджан æмæ Туркы дæр.
Гуырдзыстон афтæдæр йæ фæстæ фæуагъдта Евроцæдисы рæнхъ бæстæтæ, сæ нымæцы Хорватийы. Афтæ рейтингы Гуырдзыстоны фæстæ аззадысты Израилы, Бразилийы, Египеты æмæ глобалон туризмы центртæ», – банысан кæнынц туризмы националон администрацийы.
Балцы æмæ туризмы райрæзты индекс, дыууæ азы мидæг иу хатт дунейы Экономикон Форум публикаци кæны. 2019 азы Иртасæны хайад истой 140 бæстæ, 2021 азы та – 117.