Дунейы экономикон форумы  туризмы рейтингы Гуырдзыстон  44-æм бынатыл ис
Дунейы экономикон форумы туризмы рейтингы Гуырдзыстон 44-æм бынатыл ис

Дунейы Экономикон Форум (WEF) публикаци скодта  хыгъдлæвæрд, сæргондæй, «балцы æмæ туризмы  райрæзты  индекс 2021» (Travel & Tourism Development Index 2021).

Туризмы националон администрацийы  информацийæ,   рейтингы   æндæр æмæ æндæр  бæстæйы туризмы   райрæзты   темпты  аргълæвæрдтæ ис.  Гуырдзыстоны  рейтингы  дунейы  сегасдæр хуыздæр 50 бæстæйы æхсæн ис.

«Хыгъдлæвæрды бавдыст у  117 бæстæйы рейтинг, кæцыйы  Гуырдзыстон ахсы 44-æм бынат.  2019  азы  рейтингы  Travel & Tourism Development Index-ы  Гуырдзыстон уыдис 68  бынатыл. Фæнысангонд фæстиуæгæй,  Гуырдзыстон  сеппæтæй  хуыздæр у  йæ  сыхы,  йæ фæстæ  фæуагъдта  Сомихыстон, Азербайджан æмæ  Туркы дæр.

Гуырдзыстон афтæдæр йæ фæстæ  фæуагъдта Евроцæдисы рæнхъ  бæстæтæ, сæ нымæцы   Хорватийы. Афтæ  рейтингы Гуырдзыстоны   фæстæ  аззадысты Израилы, Бразилийы, Египеты æмæ глобалон   туризмы   центртæ», – банысан  кæнынц   туризмы националон администрацийы.

Балцы æмæ  туризмы  райрæзты  индекс, дыууæ азы мидæг иу  хатт  дунейы  Экономикон Форум публикаци   кæны. 2019  азы  Иртасæны  хайад истой  140  бæстæ, 2021  азы та  – 117.