Дональд Трампы  фидиуæнæй,  20 январы  хицаудзинады  организацигондæй алæвæрд уыдзæн
Дональд Трампы фидиуæнæй, 20 январы хицаудзинады организацигондæй алæвæрд уыдзæн

Дональд Трампы  фидиуæнæй,  20 январы  хицаудзинады  организацигондæй алæвæрд уыдзæн.  АИШ-ы президенты  фидиуæн, йæ социалон  медийы  æххуысгæнæг   Дан Скавино  публикаци кæны  социалон хызаг  «Твиттеры».

«Нæкæсгæйæ уымæ цæмæй  бынтон нæ разы кæнынц  æвзæрстыты фæстиуджытимæ  æмæ   факттæ бæлвырд кæнынц  мæ фидиуæнтæ, уый æппæтмæ нæкæсгæйæ, 20  январы  организацигондæй  æрцæудзæн хицаудзинады  алæвæрд. Кæддæриддæр дзырдтон  цæмæй адарддæр кæндзыстæм  тох, цæмæй  æрмæст  законон хъæлæсты бахыгъд  æрцæуа.  Уымæ нæкæсгæйæ  цæмæй  ацы  президентон æвзæрстытæ  историйы   дæргъы  сеппæтæй  стыр  фыццаг æмгъуыды фæуд,  уый æрмæст нæ тохы  райдайæн у  уый тыххæй цæмæй Америкæ  фæстæмæ  стыр уа» – хъусын кæны  Трамп.

АИШ-ы архайæг президент  Дональд Трампы  фарсхæцджытæ 7 январы Вашингтоны  пъæлицæйы  кордон атыдтой  æмæ  Капитолийы  бæстыхаймæ  балæбурдтой, цы ран  Конгрессы  иугонд  рабадт цыдис.  Сессийыл   æвзæрстгæнджыты  коллегийы  хъæлæскæныны  фæстиуджытæ хъуамæ  сбæлвырд кодтаиккой. Змæстыты  тыххæй,  рабадт  æрурæдтой.  Вашингтоны  скусын кодтой  коменданты сахаты уаг.

Вашингтоны пъæлицæйы  бæрæггæнæнтæй, АИШ-ы  Конгрессмæ лæбурд  æмæ змæстыты фæстиуæгæн  цыппар адæймаг  амард.  Сæ нымæцы  иу сылгоймаг Капитолийы бæстыхайы æрцæугæ  æхсты амæттаг ссис.  Афтæма, Конгрессмæ лæбурды  фæстиуæгæн, пъæлицæйы  иууыл  цъус 14 офицер фæцæф сты.  52-йæ фылдæр  гоймагы барадхъахъхъæнджытæ æрцахстой. 47  уыдонæй,    ахст æрцыд коменданты сахаты фæтксасты тыххæй.  Æрцахстуæвджыты  нымæцы  цалдæрæн  аххосаг бавдстæуыд  æхсæнгарз æнæзакононæй  хæссыны тыххæй.