Дональд Трамп - Сидын Европæйы нæ хæлæрттæм, пайда кæнут мах æрдзон ресурстæй æмæ сфидар кæнут æцæг энергоæдасдзинад
Дональд Трамп - Сидын Европæйы нæ хæлæрттæм, пайда кæнут мах æрдзон ресурстæй æмæ сфидар кæнут æцæг энергоæдасдзинад

Америкæйы Иугонд Штатты   президент Дональд Трамп,  Европæйы   бæстæтæм   æрсидтис, газ  АИШ-æй   балхæной.

Дональд Трампы дзырдæй,   растдæр ацы  фæндагæй   ис  гæнæн  энергоæдасдзинады  сифтонг кæнын.

Фæнысангонд куырдиат АИШ-ы  президент  Давосы Дунейы Экономикон Форумыл   дзырдæй ралæуды  рæстæджы  сарызта.

«Мах уыййас   æнтыстджын  стæм, цæмæй  АИШ-æ  фыдзæрдæ  ахасты  цы паддзахадтæн ис  уыдонæй  энергоресурсты импорт мауал  хуъамæ  æххæст кæнæм.  Америкаг æрдзон газы æгъгъæд  гуырахст ис уый  тыххæй,   цæмæй   Европæйаг æмцæдисонтæ,  ма уой  баст   фыдзæрдæ ахаст дарæг паддзахадыл.  Сидын Европæйы  нæ хæлæрттæм,  пайда кæнут   мах  æрдзон ресурстæй  æмæ  сфидар кæнут æцæг энергоæдасдзинад», – райхъусын   кодта  Америкæйы  Иугонд Штатты  президент.